Парламенты 19 апрелы интерпелляцийы уагæй Вахтанг Гомелауримæ æмæ Леван Давиташвилимæ байхъусдзысты
Райсом 19 апрелы парламенты интерпеляцийы уагæй дыууæ министрмæ байхъусдзысты. Депутатты фарстытæн сдзуапп кæндзысты мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури æмæ Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министр Леван Давиташвили.
«Мидхъуыддæгты министры интерпеляцийыл æвæрд у фемициды фарста, экономкæйы министры интерпеляцийыл та, кæд раст хъуыды кæнын, Бахмаройы фарста. Фарстаты рад дæр ахæм уыдзæн. Нырма уыдзæн мидхъуыддæгты министры интерпелляци, 12:00 сахатыл. Стæй та экономикæйы министры интерпелляци» – банысан кодта Шалва Папуашвили.