Парламентон æвзæрстытыл  фæсарæнты кусдзæн 67 æвзарæнон фадыджы
Парламентон æвзæрстытыл фæсарæнты кусдзæн 67 æвзарæнон фадыджы

26-æм октябры парламентон æвзæрстытæн фæсарæнты регистрацигонд сты 95 910 æвзарæг.

67 æвзарæнон фадыг кусдзæн 42 паддзахады 53 горæты.

Грецийы авд æвзарæнон фадыджы байгом ис, Афинæты цыппар, Салоникæйы æртæ; Америкæйы Иугонд Штатты æхсæз æвзарæнон фадыджы байгом ис, цыппар Нью-Йоркы, иу Вашингтоны æмæ иу та  Сан-Францискойы, фондз æвзарæнон фадыджы Германийы, дыууæ Берлины, фæйнæ  та  Франкфурты, Мюнхены æмæ Штутгарты.

Италийы цыппар æвзарæнон фадыджы байгом ис. Ромы – дыууæ, Миланы æмæ Барийы – фæйнæ иуы.

Испанийы Паддзахады ис æртæ æвзарæнон фадыджы, иу Мадриды æмæ дыууæ та Барселонайы.

Азербайджаны æртæ æвзарæнон фадыджы дæр сты Бакуйы. Турчы ис æртæ æвзарæнон фадыджы – Анкара, Стамбул æмæ Трабзоны. Францы ис дыууæ æвзарæнон фадыджы, дыууæ дæр сæйраг сахар Парижы.

Иу æвзарæн хайад кусы: Австрийы – Венæ, Словакйыи – Братиславæ, Чехийы – Прагæ, Польшæйы – Варшавæ, Латвийы – Ригæ, Летувæйы – Вильнюс, Эстонийы – Таллин, Венгрийы – Будапешт, Португалийы – Лиссабон, Нидерландты – Гаагæ, Бельгийы – Брюссель, Стыр Британийы — Лондон, Швейцарийы — Берн, Болгарийы — София, Ирландийы — Дублин, Кипры — Никози, Молдовæйы — Кишинæв, Белоруссы — Минск, Швеци — Стокгольм, Данийы Паддзахад, иу æвзарæн зылд Копенгагены, Норвегийы — Осло, Финляндийы – Хельсинки, Сомихыстоны — Ереван, Узбекистаны — Ташкент, Кувейты — Аль-Кувейт, Хъазахстаны — Астанæ, Катары — Доха, Израилы — Рамат-Ган, Китайы — Пекин, Иугонд Араббаг Эмиратты — Абу-Даби, Кореяйы — Сеул, Японийы — Токио, Австралиы — Канберрæ, Канадæйы – Оттавæ.