Папуашвили Шалва – 17 май нацийы дихдзинады бон уыд, фæлæ Патриархы арфæйæ æмæ нацийы иудзинадæй, ссис намыс, бинонты, уарзондзинад æмæ иудзинады бон, арфæ кæнæм алкæмæн дæр
17 май уыд дихдзинады бон, быцæутæ æвзæрынгæнæг æмæ нацийы дих кæныны бон. Патриархы арфæйæ æмæ нацийы æмхъæлæсондзинадæй ацы бон ссис нацийы æнæхъæндзинады бон, йæ сæйрагдæр аргъдзинæдты, сыгъдæгдзинады, намыс, бинонты, сывæллæтты, уарзондзинады, æмæ иудзинады бон – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Ппауашвили социалон хызагы фыссы.
Папуашвили куыд банысан кодта афтæмæй, нæ бæстæ æмæ адæм никуы суыдзысты æрхъуыдыгонд идеологиты амæттаг.
“Хæйрæг дих кæны, фæлæ Хуыцау иу кæны. 17-æм май нæ фæстаг историйы ссис дихдзинады бон, быцæутæ æвзæрынгæнæг æмæ нацийы дихгæнæг, кæцымæ бирæ фæсарæйнаг æмæ мидæггагон авантюристтæ нæ хъыгдардтой сой калын. Патриархы арфæйæ æмæ нацийы æмхъæлæсæй ацы бон ссис нацийы æнæфæцудгæдзинады, йæ ахсджиагдæр аргъдзинæдты, сыгъдæгдзинады, бинонты, уарзондзинады бон æмæ иудзинад.
Абон мах ирдæй уынæм, цæуыл тох кæнæм, цæмæ тырнæм, цы нæ фæнды нæ абон æмæ нæ фидæнæн. Нæ бæстæ, нæ райгуырæн бæстæ, нæ адæм никуы суыдзысты, фидæны дæр цы æрхъуыдыгонд идеологитæ хъусын кæнынмæ хъавыдысты æмæ дарддæр дæр хъусын кæныныл архайдзысты, уыдоны амæттаг. Алкæмæн дæр арфæ кæнын бинонты бон» – фыссы Папуашвили.