Пакистаны сахар Карачийы антиамерикаг акцитæ цыппæрæм бон у даргъ кæнынц. Акцийыл АИШ-ы тырыса басыгъдтой. Демонстранттæ АИШ-ы президенты æфхæрæн слогантæ дæр дзырдттой.
Пакистаны антиамерикаг акциты расидтис, Израилы сæйраг сахарæй Йерусалемы банымайын. Фæнысангонды АИШ-ы президент Дональд Трамп карзæй скритикæ кодта социалон хызаг «Твиттеры». Трамп ныффыста цæмæй фæстаг 15 азы дæргъы АИШ-æ Пакистаны хицауадæн æххуысы хуызæй 33 миллиард доллары арвыста, кæцыйы дзуаппæн Пакистанæй, Америкæ райста æрмæстдæр гæдыдзинад.
Дональд Трампы фидиуæн антиамерикаг демонстрациты сцырын кодта. Ацы акциты иуæй-иу организатор у Исламы Фундаменталистон партий.