Пакистаны  суфистты  кувæндоны цур   стынды фæстиуæгæн   æртæ  адæймаг  фæмард
Пакистаны суфистты кувæндоны цур стынды фæстиуæгæн æртæ адæймаг фæмард

Пакистаны  суфистты  кувæндоны цур   стынды фæстиуæгæн   æртæ  адæймаг  фæмард, 18  та  фæцæф сты.   Цалдæры  уавæр  уæззау  у.   Уый фæдыл хъусын кæны «ВВС».  Бырст сахар  Лахорийы   æрцыд.

Бæрæг куыд  у афтæмæй,   бырсты  мысан   кувæндонмæ  хæстæг  уæвæг   полици уыд.  Æрцæугæйыл   бæрн йæхим æнырма иунæг   къорд  дæр нæ  айста.

«ВВС» куыд хъусын кæны, афтæмæй,    суфизмы  фæдонты кувæндон   Азийы  иуæй-иу   сегасæй   рагон  у. Уый Лахоры  историон хайы  уæвы.   Æрвылазонæй,  аргъуанмæ  сæдæгай  мин    сунит æмæ шиит пысылмон  фæуазæг вæййы.

Ахæм стынд, кувæндоны 2010 азы  æдр æрцыд. Уæд    химарæг террористы бырсты  амæттаг фесты   дæсгай  адæймаг.