Пакистан Индийы арæнгæронмæ æфсæддон техникæ арвыста

Пакистан, Индийы   арæнгæронмæ  æфсæддон техникæ  арвыста.

Индийы  информацион  агентад  «Ани»-йы   информацийæ,   Пакистаны   æфсæддон  уæлдæфон тыхты  «С-130»  типы æртæ хæдтæхæг, æфсæддон базæ  «Скардумæ» æфсæддон техникæ нылласта,  кæцы  Индийы бæстæйы Ладакхимæ хстæг уæвы.

Рауагъдады ратæдзæн  дзуры, цæмæй  Исламабады  фæджылдзог къахдзæф, фæнысангонд æфсæддон базæмæ авиакуынæггæнджыты арвитын  суыдзæн.

5 августы Индий йæ кантролгонд   Кашмиры  хайы,  сæрмагонд статус  аивын ахицæн кодта,  кæцы  бæстæйæн автономийы  бартæ  æмбонд кæны.

Фæнысангонд уынаффæйы  ныхмæ  у Пакистан. Исламабад  Индийимæ дипломативон мисси фæкъаддæр кодта,  базард аскуыдта  æмæ  бадзырдты  ногæй  æркаст райдыдта.