Оперативон мадзæлттæ æмæ слестгæнæн мадзæлтты фæстиуæгæн Мидхъуыддæгты Централон уголовон пъæлицæйы управленийы наркотикты æнæзакъон зилдухы ныхмæ тохы сæйраг хайады кусджытæ æрцахстой 1994 азы гуырд Л.М.
Фыдракæнды тыххæй æфхæрд цæуы 20 азы онг, кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын.
Ахст адæймаджы фатеры басгæрсты рæстæджы барадхъахъхъæнджытæ бæлвырдгæнæнæн æрцахстой алыгъуызон хуызтæ уæлдай стыр бæрцæй наркотиктæ, уыдон нымæцы: «мефедрон», «МДМА», «метамфетамин», «псилоцибин»-ы кæрдæджытæ, «хус марихуанæ» æмæ «прегабалин».
Слестгæнæн мадзæлтты фæстиуæгæн ма пъæлицæйæгтæ байстой наркотикон препараттæ æфснайынæн æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ, лентæтæ æмæ электрон барæн.
Фæдагуырд цæуы 260 статьяйы 1, 2 æмæ 3 хæйттæм гæсгæ, афтæ дæр уголовон кодексы 261 статьямæ гæсгæ.