ПÆК -МХМ а.х "Камите" никуы балхæдта, 2024-æм азы, декабры митингыл спайдагонд буарадтæй, иу дæр нæ хауы тобæгонд категоримæ 
ПÆК -МХМ а.х "Камите" никуы балхæдта, 2024-æм азы, декабры митингыл спайдагонд буарадтæй, иу дæр нæ хауы тобæгонд категоримæ 

Фæдагуырд сбæлвырд кодта, цæмæй 2024 азы 4-5 декабры æхсæвы адæмы нымæцы контролæн спайда кодтой буаргъæд «хлорбензилиден малононитрил»-æй, æмæ куыд растворгæнæг, афтæ спайда кодтой буаргъæд «пропиленгликоль»-ы . Уæлдæр банысангонд буарадтæй иу дæр нæ хауы тобæгонд буарадты категоримæ – уый фæдыл Паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæгы хæдивæг Лаша Магърадзе  брифингыл расидтис.
Йæ ныхасæ гæсгæ, «бромбензилы цианид», кæцыйы хонынц «камите» дæр, Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрад никуы балхæдта.

Лаша Магърадзейы расидæнмæ гæсгæ, фæдагуырды фæлгæтты 93 æвдисæны æрфарстой, се æхсæн мидхъуыдтæгты министрады ныры æмæ раздæры кусджыты, дохтырты, эксперттæ, бритайнаг уацхæссæгы историйы респондентты, æнæхицауадон организациты минæвæртты æмæ æндæр уæнгты. Мидхъуыддæгты министрады таможнæйон хайад æмæ æфтиæгты службæйæ ист æрцыдысты алыгъуызон гæххæттыты хуызтæ. Фæдагуырд мидхъуыдтæгты министрады сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты фыццаг æмæ дыккаг хайы базæтæй 25 иртасæн æрмæг байста, кæцытыл Леван Самхараулийы тæрхондонон экспертизайы   националон бюройы сырæзт химион басгæрст.

«Уæлдæр банысангонд оперативон æмæ фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн сбæрæг ис, цæмæй химикон æрмæг , кæцыйы балхæдта Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад æмæ кæцыйæ бирæ азты дæргъы цæугæ протесты рæстæджы адæмы контролы тыххæй пайда кодтой, куыд æмбæлы афтæ, у «хлорбензилиден малононитрил».
Амынд буаргъæд балхæдта Мидхъуыддæгты министрад дзуттаг компанийæ 2007 азы 18 декабры æмæ 2009 азы 27 мартъийы, æмæ æнæфæцудгæ буаргъæд «трихлорэтилен»-имæ иумæ. Транспорты рæстæджы йын лæвæрд æрцыд æхсæнадæмон æрвитæн код UN3439, æмæ æлхъывдады æвæрæнæн та лæвæрд æрцыд æрвитæн код UN1710. Ацы кодтæ фыст цæуынц таможнæйы документацийы æмæ æппæт æндæр, уыцы нымæцы спайда кæныны фæстæ арæзт рафыссыны актты.

Фæдагуырд ма сбæлвырд кодта, цæмæй 2024 азы декабры райдианы, сæрмагондæй 4-5 декабры æхсæвы, адæмы æмбырдты контролæн спайда кодтой буаргъæд «хлорбензилиден малононитрил»-æй, æмæ буаргъæд «пропиленгликоль»-ы растворæй спайда кодтой куыд æлхъывдæн. Уæлдæр ранымад буаргъæдтæй иу дæр нæ хауы тобæгонд буаргъæдты категоримæ», — расидтысты ПÆК -ы.
Афтæмæй фæдагуырдæн цымыдисгæнæг адæймæгтæй иунæг æвдисæг Шергелашвили Лашæйы интервью райсын гæнæн нæ уыд, кæцыйы информацийыл бирæбæрцæй бындуриуæг кодтой ВВС-ы бацæттæгонд сюжеты авторы хъуыдытæ.

«Паддзахадон æдасдзинады куыст уадзы оперативон-сгарæн æмæ фæдæвзарæн мадзæлттæ уæлдæр банысангонд гоймаджы ныхмæ фæстаг рæстæджы иуæй-иу бæрзонд профилы уголовон хъуыддагмæ гæсгæ, кæцы хауд зынгæ хæцæнгæрзтæ æмæ хæцæнгæрзтæ, се æхсæн рæмудзæн буаргъæд тротил, аххосджын Бека Чъулухадзейы æрдыгæй балхæды æмæ æвæрды фактмæ.

Æхсæнады зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, ацы хъуыддаджы фæдыл оперативон æмæ фæдагурæн архайдтытæ параллелонæй уагъд æрцыдысты ацы азы 4-æм октябры зындгонд цаутимæ.
Фæдæвзарæн интенсивонæй кусы уыцы версийыл, кæцымæ гæсгæ украинаг спецкуыстуаты контрактмæ гæсгæ кусæг Лаша Шергелашвили,  Бека Чъулухадзейæн бафæдзæхста, цæмæй балхæна æмæ бамбæхса уæлдæр банысангонд хæцæнгæрзтæ, рæмудзæн æрмæг æмæ аппараттæ цалдæр боны размæ, Шергелашвили ацы рæстæгмæ Украинайы ис.

Афтæмæй, фæдагуырдæй райсгæ æнæбафиппайгæ бæлвырдгæнæнтæ нын фадат дæттынц ахæм хатдзæг скæнынæн «Бындур уый тыххæй, æмæ Гуырдзыстоны протестгæнджыты ныхмæ афтæхуыйнæг химион хæцæнгарз «Камиты» спайда кæныны тыххæй ВВС-ы сюжеты цы информаци æвдыст цæуы, уый у  æнæбары дезинформаци æмæ лæггад кæны Гуырдзыстоны интерестæн зиан хæссынæн, кæцыйы, хъыгагæн, баст сты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ дæр, æмæ сæ архайд ВВС-ы сюжеты автортимæ иумæ, хорз плангонд, организгонд æмæ кампанион хуыз хæссы , цæмæй Гуырдзыстоны ныхмæ конкретон знаггадгæнæг нысæнттæ баххæст кæной», -расидтис Лаша Магърадзе.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, фæдагуырды дыууæ здæхтæй иу, кæцы хауд 1930-æм азты пъæлицæйы æрдыгæй тобæгонд буарад «Камит»-æй пайда кæныны æрхъуыдыгонд ​​фактмæ, уæдæй фæстæмæ фæдагуырдон архайдтытæ фæцис. ПÆК  дарддæр кæны фæсарæйнаг организацийæн знаггадгæнæг архайдтыты æххуысы гæнæн фыдракæнды фæдагуырд.