ПÆК - Хъæу Переуы цур оккупацигонд территорийыл æнæзакъононæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстаг Гела Иобашвили сæрибар у
Уæрæсейы оккупацион тыхты, Сачхерейы муниципалитеты хъæу Переуы цур оккупацигонд территорийыл æнæзакононæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстаг Гела Иобашвили сæрибар у æмæ централон хицауады контролгонд территорийыл ис. Информаци уый фæдыл паддзахадон æдасдзинады куыст хъусын кæны.
ПÆК-ы хъусинагæй, æнæзакъононæй ахст Гуырдзыстоны æмбæстагы æнæаргъæвгæйæ ссæрибар кæныны нысанæн активонæй архайдтой куыд «Тæвд хаххы» механизмæй, афтæма централон хицауадмæ уæвæг алы æндæр инструментæй.
«Гела Иобашвилийы æнæзаконон ахстæй ссæрибар кæныны фарста регуляронæй кастæуыд инциденттæ маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны механизмты форматы цæугæ фембæлдтыл, æрмæст информаци та лæвæрд уыдис Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттæм æмæ æхсæнадæмон партнертæм. Оккупацигонд Гуырдзыстоны регионты æмæ оккупацион хаххы дæргъмæ сæххæст алы деструктивон архæйдтытыл бæрн æвæрд цæуы оккупацион тыхыл. Централон хицауад æхсæнадæмон партнертимæ иумæ адрддæр кæны активон кусын, оккупацигонд территоритыл æнæзаконон ахсты уæвæг Гуырдзыстоны алы æмбæстагы ссæрибар кæнынæн», – дзырдæуы ПÆК-ы ахæллиугонд информацийы.