ПÆК - Гуырдзыстоны цалдæр регионты уагъд цалдæр мадзалы фæстиуæгæн, 29 адæймаг æрцахстой æмæ сæ аххосджын кæнынц 13 æндæр æмæ æндæр уголовон хъуыдтагы фæдыл
Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр регионты паддзахадон æдасдзинады куысты цалдæр мадзалы фæстиуæгæн 29 адæймаг æрцахстой æмæ сæ аххосджын кæнынц 13 æндæр æмæ æндæр тугрæстдзинады хъуыдтагы. Уый фæдыл брифингыл паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæгы фыццаг хæдивæг Лаша Магърадзе расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, «астæугкаг æмвæзады коррупци кæй хонынц, уый нырма дæр у серьезон фарста».
«Фыццаджы дæр уæ базонгæ кæндзыстæм уыцы мадзалы фæдыл, кæцыйы иумæйагæй ауагътой контрразвæдсгарæн æмæ сæрмагонд операциты департаментты кусджытæ. Оперативон информацийы бакуыст кæныны фæстиуæгæн, Кутаисы дыууæ фæсарæйнаг æмбæстагы æрцахстой æнæзакононæй ядерон æмæ радиоактивон буаргъæдтæ балхæнынмæ бахъавыны рæстæджы.Уыдон план кодтой æнæлегалонæй балхæнын ядерон æмæ радиоактивон буаргъæдтæ цезий 137 æртæ милуан АИШ-ы долларæй æмæ йæ æнæзакононæй аласын æндæр бæстæйы территоримæ Цæмæй криминалон план сыххæст уа, уый тыххæй фæсарæйнаг æмбæстæгтæ æппынæдзух цыдысты Гуырдзыстонмæ фæстаг къуыриты дæргъы æмæ активонæй архайдтой атомон æрмæг æмæ радиоактивон буарадтæ балхæнынæн/ласынæн . Буаргъæдтæй пайда кæнынц алыгъуызон фыдгæнæг, се æхсæн террористон нысанæн.
Цалдæр параллелон операци антикоррупцион мадзалы фæстиуæгæн: 12 адæймаг дзуапп лæвæрдтой æнæзакъонон хъæдтæ калыны, официалон æнæхъусдарды æмæ официалон бартæй æнæзакъонæй спайда кæныны фактты тыххæй. Се æхсæн æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады хъæды хæдзарады националон агентады раздæры кусджытæ, Имереты хъæды хæдзарады службæ. Афтæ дæр Мартъвилы хъæды хæдзарады зылды бæрнон, муниципалитеты дыууæ цæрæг. Аналогион цау баст у Ванийы муниципалитетимæ, цыран æртæ адæймаджы аххосджын кодтой официалон сайды, мæнг официалон документты рауагъд æмæ спайда кæныны æмæ хъæддаг зайæгойты æнæзакъононæй лыг кæныны.
Афтæ дæр коррупцийы ныхмæ агентады кусджытæ Батумы æмæ Лагодехы муниципалитетты дыууæ адæймагы æрцахстой гæртам райсты аххосагæй. Батумы хъуыддаг хауы “Сандасуптавеба” хайæдтæй иуы сæргълæууæджы æхца райсынмæ, уæлдæр ранымад компанийы балансы регистрацигонд уæзласæн машинæтæй пайда кæнгæйæ, арæзтадон бырон ласынæн.
Арæзтады коэффициенты æнæзакононæй фæфылдæр кæныны æмæ æнæбары арæзтады фактты тыххæй, афтæ хуынæг К2 коэффициентты фæдыл, фондз адæймаг дзуапп лæвæрдтой. Паддзахадон зæххытæ сæрмагонд хицæндзинадмæ æнæзакъонæй регистраци кæныны тыххæй дзуапп дæттой æхсæз адæймаджы, дыууæ æмбæстаджы та бахастой уголовон бæрндзинад тендерон уавæртæ æрмæстдæр æгъдауæй сраст кæныны, паддзахадон фæрæзты стыр суммæтæ мæнгардæй хицæн кæныны æмæ официалон бартæй æнæзакъонæй пайда кæныны тыххæй.
Куыд уынæм афтæмæй, фæстаг мæйты дæргъы коррупцийы ныхмæ тохы æнæпрецедентон масштабмæ æнæкæсгæйæ, афтæхуыйнæг «астæугкаг æмвæзады коррупци» баззад серьезон æвзарæнæй, кæцыйы ныхмæ мах æнæмæнгæй фæнд кæнæм тох кæнын. Уый тыххæй дæр сидæм алы æмбæстæгмæ, кæцытæн ис исты контакт ахæм фарстаты фæдыл, æмгуыстад кæной фæдагурæн органтимæ æмæ нын æмбæлон информаци дæттой; Фæдзæхсæм уыцы адæймæгты, кæцытæ нырма дæр фæнды сæ бынатæй материалон пайдайы тыххæй æнæраст пайда кæнын, цæмæй цыфæнды закъоны хæлд раргом уыдзæн æмæ йæ фæстæ æххæстгонд æрцæудзæн карз барадон мадзæлттæ.