Паддзахадон департамент - Райгонд стæм уырыссаг æмæ гуырдзиаг лидерты уынаффæтæй ахастыты стабилизацийы нысанæй æмæ сидæм Уæрæсемæ, сног кæна авиа-змæлд Гуырдзыстонимæ
Райгонд стæм уырыссаг æмæ гуырдзиаг лидерты уынаффæтæй ахастыты стабилизацийы нысанæй æмæ сидæм Уæрæсемæ, сног кæна авиа-змæлд Гуырдзыстонимæ – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон департаменты райхъусын кодтой. Информацийы хъусын кæны «Америкæйы Хъæлæс».
«Америкæйы Иугонд Штаттæ сагъæсгæнгæйæ кастис Уæрæсейы хицауады æмæ думайы уæнгты æнæпропорцион реакцимæ Гуырдзыстоны цæугæ фæзындты фæдыл. Райгонд стæм уырыссаг æмæ гуырдзиаг лидерты фидиуæнтæй æмæ уынаффæтæй, дыууæфарсон ахастыты стабилизацийы нысанæй æмæ курæг стæм Уæрæсейæ сног кæна авиа-змæлд Гуырдзыстонимæ» – райхъусын кодта «Америкæйы Хъæлæсы» специалон корреспондентæн АИШ-ы паддзахадон департаменты минæвар.
Коментари сырæзт Гуырдзыстоны фæстаг иу къуырийы дæргъы цæугæ фæзындты тыххæй дæр Уæрæсейы фарсы реакцийыл.
Паддзахадон департаменты фидиуæнæй, Гуырдзыстонмæ ныццæугæ фæсарæйнаг туристтæ Æппæт Дунейæ, сæхи æдасæй хатынц æмæ сыл уым хорз æмбæлынц. Афтæма АИШ-ы фæсарæн хъуыддæгты уагдон, Уæрæсемæ æрсидтис фæхи баурома негативон мадзæлттæ райсынæй, уый нымæцы – санкциты уагæвæрдæй.
«Дарддæр кæнæм Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцын, æхсæнадæмонæй нымад арæнты æмæ курæг стæм Уæрæсейæ кæрон скæна Гуырдзыстоны территориты 20 проценты оккупаци» – фехъусын кодтой «Америкæйы Хъæлæсæн» Иугонд Штатты паддзахадон департаменты.