Паддзахадон департамент  Майк Помпео æмæ Гиорги Гахариайы  тилифонæй ныхасы фæдыл официалон  информаци ахæлиу кодта
Паддзахадон департамент Майк Помпео æмæ Гиорги Гахариайы тилифонæй ныхасы фæдыл официалон информаци ахæлиу кодта

АИШ-ы  паддзахадон  департамент   паддзахадон нымæрдар Майк Помпео æмæ   Гуырдзыстоны  премьер-министр  Гиорги Гахариайы  æхсæн  тилифонон ныхасы  фæдыл  официалон информаци ахæлиу кодта.

«Паддзахадон нымæрдар  Майк Помпео  абон фæныхас кодта  Гуырдзыстоны   премьер-министр Гиорги Гахариамæ  æмæ  афæлгæста АИШ-ы  æмæ Гуырдзыстоны    партнерады нысаниуæг  æмæ  нæ  æнгом  координаци  «Ковид-19»-ы пандемийы  дзуаппæн.

АИШ-ы   паддзахадон  нымæрдар, афтæдæр  бахахх  кодта , октябры сæрибар, рæстаг æмæ   рухсдзыд  æвзæрстытæ  ауадзыны  нысаниуæг  æмæ банысан кодта, цæмæй  рæстаг уавæртæ  сты демокративон  æвзæрстыты  скæнæг хай.  Уый  райгонддзинад  равдыста  конституцион ивындзинæдтæ  райсты тыххæй,  кæцы  хайгай пропорцион  æвзарæнон  системæ фидар кæны  æмæ  бахахх  кодта   райст  æвзарæнон реформæйы   лæмбынæг   имплементацийы  æнæмæнгхъæугæдзинад.

Паддзахадон нымæрдар  афтæдæр æрсидтис, ома адарддæр уа  тыхархайд Гуырдзыстоны  тæрхонон  системæ  фæфидар кæнынæн, куыд скуыддзаггæнæг  къахдзæф  фæсарæйнаг инвестициты  æрбаласынæн  æмæ   рагфæдзæхст ракодта  Гуырдзыстоны  тæрхонон æмæ æвзарæнон процессты  политизацийы  ныхмæ.

Паддзахадон нымæрдар  Помпео  сбæлвырд кодта АИШ-ы æрдгæй   Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ  суверенитетмæ æнæфæцудгæ  æххуыс æмæ   сразы ис премьер-министр Гахариаимæ, ома зæгъгæ Уæрæсе  хъуамæ  фæурома   дестабилизацигæнæг архæйдтæ  æмæ сæххæст кæна 2008  азы  æхсты  фæурæды  бадзырдæй  йæхимæ цы  хæстæ райста  уыдон», –  дзырдæуы  АИШ-ы паддзахадон департаменты  ахæлиугонд  информацийы.

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы  æмæ АИШ-ы  паддзахадон   нымæрдар  Майк Помпеойы  æхсæн  тилифонæй ныхас  знон  уыд.  Ныхасы  фæдыл  официалон информаци  ахæлиу кодта Гуырдзыстоны  премьер-министры  пресс-куыст дæр.