Паддзахадон департамент Майк Помпео æмæ Гиорги Гахариайы тилифонæй ныхасы фæдыл официалон информаци ахæлиу кодта
АИШ-ы паддзахадон департамент паддзахадон нымæрдар Майк Помпео æмæ Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы æхсæн тилифонон ныхасы фæдыл официалон информаци ахæлиу кодта.
«Паддзахадон нымæрдар Майк Помпео абон фæныхас кодта Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариамæ æмæ афæлгæста АИШ-ы æмæ Гуырдзыстоны партнерады нысаниуæг æмæ нæ æнгом координаци «Ковид-19»-ы пандемийы дзуаппæн.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар, афтæдæр бахахх кодта , октябры сæрибар, рæстаг æмæ рухсдзыд æвзæрстытæ ауадзыны нысаниуæг æмæ банысан кодта, цæмæй рæстаг уавæртæ сты демокративон æвзæрстыты скæнæг хай. Уый райгонддзинад равдыста конституцион ивындзинæдтæ райсты тыххæй, кæцы хайгай пропорцион æвзарæнон системæ фидар кæны æмæ бахахх кодта райст æвзарæнон реформæйы лæмбынæг имплементацийы æнæмæнгхъæугæдзинад.
Паддзахадон нымæрдар афтæдæр æрсидтис, ома адарддæр уа тыхархайд Гуырдзыстоны тæрхонон системæ фæфидар кæнынæн, куыд скуыддзаггæнæг къахдзæф фæсарæйнаг инвестициты æрбаласынæн æмæ рагфæдзæхст ракодта Гуырдзыстоны тæрхонон æмæ æвзарæнон процессты политизацийы ныхмæ.
Паддзахадон нымæрдар Помпео сбæлвырд кодта АИШ-ы æрдгæй Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетмæ æнæфæцудгæ æххуыс æмæ сразы ис премьер-министр Гахариаимæ, ома зæгъгæ Уæрæсе хъуамæ фæурома дестабилизацигæнæг архæйдтæ æмæ сæххæст кæна 2008 азы æхсты фæурæды бадзырдæй йæхимæ цы хæстæ райста уыдон», – дзырдæуы АИШ-ы паддзахадон департаменты ахæлиугонд информацийы.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариайы æмæ АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы æхсæн тилифонæй ныхас знон уыд. Ныхасы фæдыл официалон информаци ахæлиу кодта Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст дæр.