Паддзахадон департамент – АИШ ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй разы у Гуырдзыстон æмæ Украинайы НАТО-ы уæнгсуæвынимæ
АИШ-æ ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй йæ фарс хæцы Гуырдзыстон æмæ Украинайы НАТО-ы уæнгтæй суæвынæн. Уый фæдыл дзырдæуы АИШ-ы паддзахадон департаментæй, Ригайы плангонд НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министериалы размæ публикацигонд информацийы.
«АИШ-ы дарддæр кæны 2008 азы НАТО-ы Бухаресты самиитыл ист уынаффæйæн фарсхæцын, кæцымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстон æмæ Украина суыдзысты НАТО-ы уæнгтæ. Ацы бæстæты афæдзон националон программæ æвдисы сæ НАТО-ы æрдæм фæндаджы деталтæ. Гуырдзыстон дæр æмæ Украина дæр нырид сты фидар амалхъом патрнертæ, кæцы тыхджындæр кæны операцион æмбынатиндзинады æмæ тренингты фадæттæ НАТО-ы æмцæдисонтимæ» – дзырдæуы паддзахадон департаменты информацийы.
Фæнысангонд информацийы мидæг дзырдæуы, цæмæй НАТО-ы лидертæ альянсы гом дуары политикæмæ иузæрдыгдзинад нæ сафынц.
«НАТО-ы гом дуары политикæ ифтонг кæны уæнгсуæвынмæ фæндаг кæцыфæнды европаг бæстæйæн, кæцы разы у нæ аргъдзинæдтимæ, æмбæлон у хъæугæ хæсдзинадтæ æмæ бæрн. Мах ацы политикæмæ иузæрдыгдзинад сбæлвырд кæндзыстæм НАТО-ы саммитыл июны»- дзырдæуы паддзахадон департаменты веб-фарсыл публикацигонд информацийы.
Ригайы НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министериал 30 ноябры ацæудзæн. Фембæлды хайад райсдзæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани.