Паддзахадон бюджетæй финасдзинад лæвæрд цæудзæн уыцы партимæ, кæцы уымæн рахицæнгонд  парламенты уæнгы мандаттæй кæнæ мандатты æрдæгæй уæддæр сфæлтæрдзæнис
Паддзахадон бюджетæй финасдзинад лæвæрд цæудзæн уыцы партимæ, кæцы уымæн рахицæнгонд парламенты уæнгы мандаттæй кæнæ мандатты æрдæгæй уæддæр сфæлтæрдзæнис

Паддзахадон бюджетæй финасдзинад лæвæрд цæудзæн уыцы партимæ,  кæцы уымæн рахицæнгонд  парламенты уæнгы мандатæй  кæнæ мандатты æрдæгæй  уæддæр сфæлтæрдзæнис. Æмбæлгæ ивддзинæдтæ хаст цæуынц  «Æмбæстæгты  политикон иугæндты фæдыл» закъонмæ, кæцыйы  иницирдзинад æрцыд абоны бюройы рабадыл.

Закъонопроекты  банысангонд у, цæмæй  парти  фидæн  азы  бюджетон   финансдзинад нæ  райсдзæн, кæд йæ бавдыстгонд æвзæрст  парламенты  уæнгты æрдæг уæддæр æнæбындур аххосæй ауадздзæнис  цæугæ æрсидты парламенты  раззаг азы алы пленарон  рабадтытæ.

Уыйимæ иумæ,  закъонопроекты  рагхыгъдгонд у  æвзарæнон блокъты  фарстæ.  Сæрмагондæй та, ивддзиндæтæм гæсгæйæ,  паддзахадон бюджетæй  суммæ, блокъы  уагæвæрдæй  бæрæг  бæрцæй  райсдзæн æвзарæнон блокъмæ бацæуæг   уыцы парти, кæцы  парламенты  уæнгы мандат (мандаттæ) райсдзæн  æмæ   ацы мандатæй кæнæ мандатты æрдæгæй  уæддæр  сфæлтæрдзæнис. Афтæма æвзарæнон  блокмæ бацæуæг  парти фидæн  азы  бюджетон финансдзинад нæ райсдзæн, кæд йæ  бавдисгæ парламенты  уæнгты  æрдæг уæддæр  æнæбындур  аххосæй  ауадздзысты  цæугæ æрсидты  парламенты раззаг азы  плнераон  рабадтытæ иууылдæр.

Инициативæйы ранымад сты  уыцы политикон партитæ, кæцытæм  хауы  паддзахадон финансдзинад. Адон сты:

1.ÆПИ «Гуырдзиаг Бæллицц-Демократон Гуырдзыстон» – 5,140,020.00 лари;

  1. ÆПИ «Иугонд Националон Змæлд» – 2,199,635.00 лари;
  2. ÆПИ «Змæлд Паддзахад адæмæн» – 240,000.00 лари;
  3. ÆПИ «Прогресс æмæ Сæрибардзинад» – 12,000.00 лари;
  4. ÆПИ «Гуырдзыстоны Республикаг Парти» – 204,000.00 лари;
  5. ÆПИ. «Европаг Демократтæ» – 460,000.00 лари;
  6. ÆПИ. «Гиорги Вашадзе –Стратегиа Агъмашенебели» – 939,925.35 лари;
  7. ÆПИ. «Закон æмæ Рæстдзинад» – 104,436.15 лари;
  8. ÆПИ. «Европаг Гуырдзыстон – Змæлд Сæрибардзинадæн» – 1,124,409.00

лари;

  1. ÆПИ. «Лело Гуырдзыстонæн» – 803,560.00 лари;
  2. ÆПИ. «Гуырдзыстоны Патриотты Альянс» – 1,043,120.00 лари ;
  3. ÆПИ. «Гуырдзыстоны Лейбористон Парти» – 289,710.00 лари .