Паддзахадон æдасдзинады куыст- æхсæнадæмон партнерты аргълæвæрдмæ гæсгæ, Гуырдзыстон хъахъхъæны æдас бæстæйы позици террористон æркуырдты контексты
Паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæгадæй уагъд æрцыд терроризмы ныхмæ тохы националон стратегийы æмæ архайæн пъланы райрæзты æмæ реализацийы мониторингы æхсæнведомствойон иудадзыгон къамисы æстæм рабадт, кæцыйы хайад райстой уæнг уагдæтты фыццаг уæнгтæ .
Фембæлд байгом кодта комисы сæрдар, Лилуашвили Григол. Паддзахадон æдасдзинады куысты сæргълæууæг фæныхас кодта дунейы, регионы æмæ бæстæйы контртеррористон уавæрыл æмæ къамисы уæнг уагдæтты иудадзыг координацийы æмæ бастдзинады сæрмагонд нысаниуæгыл ацы æрдæм. Къамисы сæрдар хъусдард сцырын кодта Гуырдзыстоны националон контртеррористон стратеги æмæ йæ архайæн пъланы нысаниуæгдзинадмæ бæстæйæн, афтæ дæр тыхархайд æмæ æнтыстджын æппæтдунеон æмкуыстдзинадмæ, кæцы Гуырдзыстон æхсæнадæмон терроризмы ныхмæ тохы æххæст кæны.