Паата Манджгаладзе – уый тыххæй,  цæмæй  спекуляцитæ фæуа,  деолигархизацийыл дыууæдæр закъонопроект  Венецийы  Комиссимæ  хъуамæ арвитæм
Паата Манджгаладзе – уый тыххæй, цæмæй спекуляцитæ фæуа, деолигархизацийыл дыууæдæр закъонопроект Венецийы Комиссимæ хъуамæ арвитæм

«Деолигархизацийы  фæдыл»  украинаг   закъоны копи гуырдзиаг реалондзинады,  олигарх куы бады  хицауады,  абсолютонæй  æндæргъуызон у, – уый фæдыл    «Стратегиа Агъмашенебелийы»   уæнг Паата Манджгаладзе   райхъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ уый тыххæй,  цæмæй  спекуляцитæ  фæуа  «деолигархизацийы  фæдыл»  дыууæдæр законопроект  Венецийы Комиссимæ æрвыст хъуамæ уа.

«Ираклий Къобахидзейæн  фыццаг курсыл  бацамыдтой, цæмæй  бынæттон  хицæндзинæдтæм гæсгæйæ,  иу бæстæйæ  иннæ бæстæйы   закъондæттынады  копи исын  æндæр æмæ æндæр фæстиуæг æрхæссы.  Уымæ æмбæлгæйæ  дæр украинаг   закъоны копи исын гуырдзиаг реалондзинады, олигарх куы ис  хицауады,  абсолютонæй  æндæргъуызон у. Уый тыххæй,  цæмæй фæуа спекуляцитæ,  дыууæдæр  закъонопроет  Венецийы  Комиссимæ  хъуамæ арвитæм. Кæцы проектæн дæр уыдзæн æвæрццаг аргълæвæрд, уый  хъуамæ  æркæсæм.  Аргумент  ома  декабры хъуамæ  фæуæм  ацы фарстайы  уæлвæтк  æруаздын, гæнæн ис,  уымæн æмæ нын партнертæ  куыд дзурынц афтæмæй,   æппынфæстаг   аргълæвæрд   афæдзы кæронмæ нæ уыдзæн», –  райхъусын кодта Манджгаладзе.

Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады, «деолигархизацийы фæдыл»  закъонопроекты  тыххæй райхъусын  кодтой, цæмæй «закъоны райсыны онг,  хъуамæ æркуырдæуа æмæ сыххæст уа Венецийы Комиссийыхатдзæг».