Паата Имнадзе - Мæ куыст æмæ мæ фидиуæнтæ иууылдæр сты Гуырдзыстоны цæрджыты æнæниздзинады хъахъхъæнынæн
Мæ куыст æмæ мæ фидиуæнтæ иууылдæр сты Гуырдзыстоны цæрджыты æнæниздзинады хъахъхъæнынæн – уый фæдыл низты контролы националон центры къухдариуæггæнæгы хæдивæг Паата Имнадзе «Фейсбукы» фыссы.
Фейсбукпостæй Имнадзе иуæй-иу меди афæрæзы эфиры лæвæрд сюжетæн дæтты дзуапп.
«Иуæй-иу каналы ахæлиугонд дезинформацийы нысан уыд уый, цæмæй мæ дсикредитаци скæной куыд NCDC-ы минæвар æмæ мæ рекомендациты рдмæм сæвзæрын кæной æнæууæнк. Кæнæ та нæ цæоджытæн куы зæгъдзыстæм бахъахъхъæнут дистанци, дарут маскæтæ, адæмарæх рæттæм ма цæут æмæ æндæр, уый æппæтыл адæм мауал баууæнда. Сюжеты бавдыст алы факт, цифрæ æмæ графиктæ уыдысты барæй зыгъуыммæгонд. Йæ хойæн æмæ мæнæн лæвар сарзыта ацы æмæ æндæр дохтыртæн дзæбæх зонгæ, мæ удыхайы æфсымæр, Котэ Гогелиа. Пандемийы агъоммæ, æрдæгконд бæстыхаймæ ахызтыстæм æмæ компанийы бæрнон уæнгимæ знон дæр рабæлвырд кодтам æмæ хæдзар нырма кæронмæ арызт нæу. Куыддæр дзы ацы исад мæ удыхайы номыл ацæудзæн регистраци, афтæмæй фæзындзæн мæ декларацийы дæр. Нрыма 1992 азы, сæрмгаондæй тæссаг низты центры, æмæ 1996 азæй NCDC-ы сæвзæрды фæстæ, мæ куыст æнæхъæнæй æмæ мæ фидиуæнтæ иууылдæр уыдысты Гуырдзыстоны цæрджыты æнæниздзинад хъахъхъæнынæн. Æнæниз ут!» – фыссы Паата Имнадзе.