OSCE - специалон координатор – Æвзæрстытæ уыд конкурентон æмæ æмтгæй райсгæйæ, хъахъхъæд уыдысты фундаментон сæрибардзинæдтæ
Æвзæрстытæ уыд конкурентон æмæ æмтгæй райсгæйæ, фундаментон сæрибардзинæдтæ хæлд нæ уыдысты, – уый фæдыл OSCE-ы специалон координатор Элона Джебреа Ходжа райхъусын кодта, кæцы Гуырдзыстоны, 31 октябры парламентон æвзæрстытæм дардта цæст.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, «Ковид-19»-ы пандемийы æмæ уырдгæй цæугæ быцæусидтмæ æнæкæсгæ, эффективонæй ацыд.
Фæлæ Элона Джебреа Ходжайы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, уыдис иудадзыг аххосæгтæ, цæмæй цыдис æвзæрстгæнджытыл æлхъывд, дырысæй хицæнгонд нæ уыд хахх хицаугæнæг партийы æмæ паддзахады æхсæн, кæцы ацы процессмæ æхсæнады æууæнк каддæр кодта.
«æвзæрстытæ ацыд ног закондæттæн фæлгæтмæ гæсгæ. Æвзæрстытæ æнæхъæнæй уыдысты эффективон æххæст «Ковид-19»-ы пандемийы æмæ æмбæлгæ æртъхъирæнмæ æнæкæсгæ. Фæлæ æвзарæнон комисситы хицаугæнæг партийы доминантон минæварад æппæрццаг бандæвдта адæймæгты тæлмæныл, цас рæстаг, хæдбарæй цыдис æвзæрстытæ алы æмвæзадыл» – райхъусын кодта уый.
Уымæй уæлдай ма, Элона Джебреа Ходжа бузныг загъта Гуырдзыстоны хицауадæн, кæцы æхсæнадæмон цæстдарæгон мисси кæй фæхуыдта уый тыххæй.
«Бузныг Гуырдзыстоны хицауадæн, ардæм нæ кæй фæхуыдта, цæмæй нæ цæст бадардтаиккам ацы æвзæрстытæм. Фæнды нæ бузныг зæгъын Гуырдзыстоны парламентæн, цæмæй нын баххуыс кодтой алы организацион фарстаты, æмæ сæ уазæгуарзондзинады тыххæй.
Фæнды мæ афтæдæр бузныг зæгъын нæ гуырдзиаг фысымтæн, уымæн цæмæй цæстдардлжытæ кæддæриддæр уыдаиккой æдасæй пандемийы контексты. Хъыгагæн мæ коллегæ, Пиа Каома, кæцы уыд делегацийы къухдариуæггæнæг, абон ацы пресс-конефрпенцийы хайад райсын нæ бафæрæзта» – загхта Эллона Джебреа Ходжа.