OSCE/ODIHR-ы цæстдарæг миссийы аргълæвæрдæй,Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы рухс кæныны уаг, фылдæр нейтралон уыд
Гуырдзыстоны Фыццаг Канал сæйраг æвазæрнон субъекттæн зæгъæн ис æмбæрц рæстæг ратта æмæ рухс кæныны тон дæр фылдæр цауы уыд нейтралон – уый фæдыл OSCE/ODIHR-ы цæстдарæг миссийы аргълæвæрды мидæг дзырдæуы.
Æхсæнадæмон æвзарæнон цæстдарæг мисси абон Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытыл, уый нымæцы медиаæрдзмæ цæстдарынады развæлгъау хыгъдлæвæрд бавдыста.
«Уыцы уацхæссджытæ кæцытæ æвзæрстытæ рухс кодтой, дебатты организаци скæнын хæсджын уыдысты законæй, æмæ кæцытыл паддзахадон финансдзинад райсыны бар кæмæн ис ахæм алы политикон парти хъуамæ уыдаит хуынд. Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæг ацы партиты хайадæй уагхд цыппар дебаттимæ иумæ, ноджы ма цыппар дебатты организаци скодта æндæр æвзарæнон субъекттæн. «Гуырдзиаг Бæллиццы» æрдгæй дебатты хайад æрмæст цалдæр программæйæ уыдис, кæцы æвзæрстгæнджытæн, æнхъæлцау арæн скодта сæйраг æвзарæнон субъектты æхсæн дебаттæ феныны фадат.
Æртæ уацхæссæг : «Мтавари Архи», «Пирвели» æмæ «Формула» хицаугæнæг партийы æмæ хицауады æрдæм дырыс субъективон ахаст равдыста. Сæ «Прайм-таймы» информацион рауагъдты «Гуырдзиаг Бæллиццы» куыст рухс кодтой 29-æй 35% -ы онг æмæ 11-æй 16%-ы рæстæг, рухс кæныны тон укыдис фылдæр æппæрццаг. Фæнысангонд ахасты ныхмæ, телекомпани «Имеди» хицаугæнæг парти æмæ хицауады куыст рухс кæнынæн, 45% æмæ 24 % рæстæг рауæлдай кодта, рухс кæныны интонаци та уыд æвæрццаг æмæ нейтралон, уыцы рæстæджы «Иугонд Националон Змæлды» къухдариуæгæй архайæг коалицийы æмæ «Европаг Гуырдзыстоны» куыстыл ныхасæн 14,2% рауæлдай кодта, рухс кæныны тон та уыдис æппæрццаг. Æндæр субъекттæм æмтгæй райсгæйæ рауæлдай исæртыгай проценты. «Рустави 2»-ы алы сæйраг æвзарæнон субъекты куыст рухс кæныны тон фылдæр уыдис нейтралон. Ацы телекомпани «Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ хицауады куыстмæ стыр хъусдард равдыста – 27,15%, æрмæст «Иугонд Националон Змæлды» коалицийæн, «Европаг Гуырдзыстоны» æмæ «Лело»-æн та, зæгъæн ис 14,9% æмæ 6%. Ачъарайы телеуынынад фылдæр бынæттон ног хабæрттыл уыд концентриргонд æмæ разæвзарæнон кампани каддæр рухс кодта. Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæг æмæ Æхсæнадон Уацхæссæджы Ачъарайы Телеуынынад, æвзарæнон субъекттæн æмбæрц рæстæг рахицæн кодтой, рухс кæныны тон та фылдæр нейтралон уыд, хицауады куыст та уæрæхæй срухс ис.
OSCE-ы демокративон институтты æмæ адæймаджы барты офисы арæнгонд цæстдарæгон миссийы медиамониторингы фæстиуджытæй бæрæг у, цæмæй мониторингы дæлбар алы хицæн уацхæссæг, банкаринагæй субъективон уыд» – дзырдæуы æхсæнадæмон цæстдарæгон миссийы аргълæвæрды.