OSCE/ODIHR – Æхсæнадон Уацхæссæг фылдæр нейтралонæй æмæ диверсифициргондæй рухс кодта æвзарæнон кампани
Æхсæнадон Уацхæссæг фылдæр нейтралонæй æмæ диверсифициргондæй рухс кодта æвзарæнон кампани, хицæн телеуынынадты æрдгæй та, æргом уыд ацы кæнæн æндæр позицийы фарсхæцынад – уый фæдыл OSCE/ODIHR цæстдарæг миссийы къухдариуæггæнæг Альберт Йонсон райхъусын кодта.
«OSCE/ODIHR-ы мисси медийы мониторинг кæнын райдыдта 4 сентябры, авд гуырдзиаг мониторгæнæгимæ, кæцытæ куыстой къуырийы æхсæз боны дæргъы миссийы офисты уæвæг ифтонггæрзты фæрцы. Дыккаг туры рæстæджы медиаæрдз уыдис поляризацигонд. Хицæн националон уацхæссджытæ кæнæ дырысæй хицаугæнæг партийы фарс хæцыдысты, кæнæ та æппæрццаг рухс кодтой оппозицийы. Кæнæ иннæрдæм, комкоммæ йæ ныхмæ уыдысты хицаугæнæг партийæн. Æцæг у Æхсæнадон Уацхæссджытæ Фыццаг Канал æмæ Ачъара фылдæр нейтралонæй æмæ диверсифициргондæй рухс кодтой кампани, хицæн телеуынынадты æрдгæй рахатинаг уыд кæй фарсхæцæг уыдысты уый. Рухсгæнгæйæ бæрæг уыд кæрæдзимæ быцæу позицитæ æмæ кæрæдзи ахходжын кæнын, партиты æмæ кандидатты æхсæн. Къаддæри рухс кодтой политикон фарстатæ кæнæ бынæттон нысаниуæгы фарстатæ кæцы æвзæрстгæнджытæ арæн кодта информиргонд æвзæрст саразыны фадат. Иуæй-иу телеуынынадтæ бацархайдтой дебаттæ организаци скæнын дыккаг турмæ, фæлæ ахæм дебаттæ нæ уыд, уымæн æмæ хайадисджыты не рфæндыд» – райхъусын кодта Альберт Йонсон пресс-конференцийыл.