Ортачъалайы цæрæн хæдзары срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард иу адæймаг, цыппар та фæцæф сты
Ортачъалайы цæрæн хæдзары срæмыгъд æрцыд.
Уæвæг информацимæ гæсгæ, срæмыгъд, æвæццæгæн, æрцыд газы ахызты аххосæй.
Фыццаг Къаналæн уæлвæткон уавæрты управленийы куыст куыд хъусын кæны афтæмæй, инциденты фæстиуæгæн иу адæймаг фæмард. Рынчындонмæ фæхæццæ кодтой цыппар цæф адæймаджы.
Срæмыгъд бæстыхайы цыппæрæм уæладзыджы æрцыд. Срæмыгъды аххосæй цæрæн хæдзары фасад æмæ къултæ ныппырх сты.
Бынатыл уæвджытæ куыд хъусын кæнынц афтæмæй, бæстыхайы цæрынц æрцæуæггаг адæймæгтæ.
Бæстыхайы цы цæрджытæ цæры, уыдонæй иуæй-иутæ ныртæккæ цæуынц рæстæгмæ цæрæнуæттæм.