Организаци  «Аруаа», Александр Анквабы азымджын кæны, «Гуырдзыстоны интересты пайдайæн архайыны»
Организаци «Аруаа», Александр Анквабы азымджын кæны, «Гуырдзыстоны интересты пайдайæн архайыны»

Абхазаг ветеранты  организаци  оккупацигонд Абхазы  премьер-министрæй  кæй  хонынц уыйы «Гуырдзыстоны  интересты лобирдзинад» азымджын кæны. Организаци  «Аруаа»  протест кæны Александр Анквабы  фидиуæн, кæцыйы  уый  Галы районы  цæрджытæн  абхазаг  паспортты байст  æнæрæстагæй  схуыдта.

«Курæг стæм  премьер-министрæй,   ма  аздахæт проблемæ этникон  аæрдæмадæй, цæмæйдæр  националистон  равг сцырын кæндзæн,  уымæн æмæ хъуыддаг  Абхазы  хурыскæсæн  районты цæрæг  æмбæстæгты  этникон   равзæрд нæ агайы.  Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ  сæ фылдæр сты  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ» – дзырдæуы  абхазаг ветеранты  фидиуæны.

Афтæма сæ  дзырдæй,   зæгъгæ «Абхазы закъон  дывæрон æмбæстагад  тобæ кæны  æмæ  уæлвæтк у æрмæстдæр  Уæрæсейы æмбæстагад».

«Махæн афтæдæр  зынæмбарæн у, цæмæн  хæцы Анкваб  Гуырдзыстоны æмбæстгæты барты сæрыл  уа сæм  Абхазы  æмбæстагад, æмæ ацы  рæстæджы   æндæр æмбæстæгты кой нæ кæны, кæцытæ рагæй  фæстæмæ  цæрынц  Абхазы – Уæрæсейы, Грецийы, Турчы, Сомихыстоны, Белорусы, Украинайы æмбæстæгтæ, кæнæ  та  уыцы  падзахадты æмбæстæгтæ, кæцытæ  Абхазимæ хæстон уавæрты не сты?   Анквабы æнхъæлы, цæмæй  фразæ –  «Уыдон нæ ныхмæ  нæ  хæцыдысты»  гæнæн ис   закъоны мидæг ныффыссын  æмæ уый та æгъгъæд æфслн у, цæмæй  Абхазы æмбæстагад райсай?» – дзырдæуы  фидиуæны.

Организацийы  уæнгтæ  курынц, Анкваб  æргомæй  бавдисæн кæна хи дзырдтыл,  кæцы рæстæджы Галы цæрджытæн  абхазаг паспортты  байст  æнæрæстагæй  схуыдта.  Науæд та  абхазаг  ветерантæ  премьер-министрмæ «æнæхцон  уынаффæтæ райсынæй æртъхъирæн кæнынц».

«Хъыгагæн  Анкваб   уыцы  бæстæйы интересты сæрыл хæцы, кæцыимæ стæм хæстон уавæры  æмæ уыцы  фарстатæ ницæмæ  дары, кæцытæ æххæссынц не мбæстæгты  æдасдзинадмæ» – дзырдæуы  фидиуæны.

Анквабы скритикæ кодтой  оккупацигонд Абхазы   политикон парти «Апсны» цы хонынц  уый  уæнгтæ дæр.  Сæ ныхæстæм гæсгæ, «Ног хицауад  вазыгджын экономикон  ситуацийы  рæстæджы,  хъуыды кæны Гуырдзыстонимæ  æмкуысткæныны фарстайыл».