Орфолойы полигоныл фæцис 62-æм батальоны быдырон ахуыр
Орфолойы полигоныл фæцис 62-æм батальоны быдырон ахуыр

Хъахъхъæнынады тыхты ныгуылæны сæрдарады 6-æм  артиллерион  бригадæйы  62-æм  артиллерион   батальоны  быдырон  ахуыртæ  Орфолойы  полигоныл  фесты.

Хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй,  артиллерион  батальон  ахуырты кæройнаг   этапыл  хатдзæгон  быдырон æхстытæ  сыххæст сты. Уынинаг  æхстытæм йæ цæст дартта  хъахъхъæнынады тыхты  ныгуылæны  сæрдар,  бригадæйы инæлар,  Коба Григолиа.

Хатдзæгон   быдырон ахуырты  рагафон бæрæг  районы  дæлхайад  артиллерион  æхсты æххуыс сыххæст кодта æмæ æрымысгæ  знаджы скуынæг кодта. Ахуыртæ  цыппар фазæйæ ацыдысты, кæцыты фæлгæтты, бацæттæ,  бынативд, сæххæст, консолидацидзинад æмæ реорганизацийы  этаптæ уыд.

10 бонон ахуырты  нысан 61-æм  артиллерион батальоны  дæлбар  дæлхайадты  хæстон  цæттæдзинад сбæрзонддæр кæнын, хæстон элементты срæвдз кæнын æмæ  кординацигонд архæйдтыты фæхуыздæр кæнын  уыд.