Хъахъхъæнынады тыхты ныгуылæны сæрдарады 6-æм артиллерион бригадæйы 62-æм артиллерион батальоны быдырон ахуыртæ Орфолойы полигоныл фесты.
Хъахъхъæнынады министрады хъусинагæй, артиллерион батальон ахуырты кæройнаг этапыл хатдзæгон быдырон æхстытæ сыххæст сты. Уынинаг æхстытæм йæ цæст дартта хъахъхъæнынады тыхты ныгуылæны сæрдар, бригадæйы инæлар, Коба Григолиа.
Хатдзæгон быдырон ахуырты рагафон бæрæг районы дæлхайад артиллерион æхсты æххуыс сыххæст кодта æмæ æрымысгæ знаджы скуынæг кодта. Ахуыртæ цыппар фазæйæ ацыдысты, кæцыты фæлгæтты, бацæттæ, бынативд, сæххæст, консолидацидзинад æмæ реорганизацийы этаптæ уыд.
10 бонон ахуырты нысан 61-æм артиллерион батальоны дæлбар дæлхайадты хæстон цæттæдзинад сбæрзонддæр кæнын, хæстон элементты срæвдз кæнын æмæ кординацигонд архæйдтыты фæхуыздæр кæнын уыд.