Оппозицион иугонд «Тыхджын Гуырдзыстон»  бавдыста æвзарæнон программæ – «Илиайы Фæндаг»
Оппозицион иугонд «Тыхджын Гуырдзыстон» бавдыста æвзарæнон программæ – «Илиайы Фæндаг»

«Тыхджын Гуырдзыстон»  бавдыста  æвзарæнон  программæ  «Илиайы Фæндаг». Оппозицион иугонд иуæй-иу лидер  Мамука Хазарадзе   куыд хъусын кæны   афтæмæй,   Илиайы  хъуыдытæ æмæ идеятæ,   афтæ куыд  сæ план, æхсæнадæн   нысаниуæгджын алы   сферæмæ æххæссынц.

«Илиайы фæндаг»  – у  не  стыр  балы «тыхджын Гуырдзыстоны»  æвзарæнон план æмæ   растдæр  уыцы  идеяты сыххæст,  кæцыты 117 азы размæ   Цъицъамуры цур баурæдтой.

Илиайы   хъуыдытæ æмæ идеятæ,  афтæ куыд  нæ план,  æхсæнадæн нысаниуæгджын алы  сферæмæ æххæссынц, адон сты: Ахуырад, культурæ, экономикæ,  хæдуынаффæдзинад,  æмсæрады идея, сылгоймæгты бартæ,  æмбæстагты активизм.   Илиа нын ныууагъдта   национ идентондзинады  бæрæггæнæн  формула –  «Фыдыбæстæ, Æвзаг, Дин» –  æмæ ацы  рæстæджы  Илиайы  фæлтæр  Гуырдзыстонмæ æрбахаста  нырыккон, Европаг идеятæ æмæ   сбæрæг  кодта Хæдбар Гуырдзыстоны  фидæны  фæндаг.

Ахæм у  «Тыхджын Гуырдзыстоны» зæрдæйы ахаст æмæ нæ план.

26 октябры   фæуæлахиз уыдзæн   Илиайы фæндаг æмæ мах  иумæ  сараздзыстæм  тыхджын Гуырдзыстоны!» – фыссы Мамука  Хазарадзе.