Оппозици Шарль Мишелимæ фембæлдыл æмгъуыдагъоммæ æвзæрстытæм гæсгæ плебисцитыл дæр фæныхас кодта
Европаг Гуырдзыстоны уæнг, Гига Бокериайы фидиуæнæй, зæгъгæ Европаг Советы президент Шарль Мишелимæ фембæлдыл плебисциты фарстыл дæр уыд ныхас.
Бокериайы дзырдæй, зæгъгæ æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæм гæсгæ плебисцит се рдгæй компромиссон æнхъарæн у.
«Рагæй у бæрæг, ницы ногдзинад дзы нæй. Деталонæй райхæлдтам уый дæр. Фæнды мæ зæгъын уын, цæмæй ай уыдис «Европаг Гуырдзыстоны» инициативæйæ бавдыст фарст. Мах уый нымайæм куыд серьозом компромис. Плебисциты фарст хъуамæ уа, фæнды уæ æви нæ цæмæй, æввахс фидæны бæрæг датæйы, æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ снысан уа.
Кæй зæгъын æй хъæуы, плебисцит хъуамæ ацæуа рæстаг, сæрибар атмосферæйы, кæцы фыццаджы дæр нысан кæны уый æмæ, политикон сурын мауал хъуамæ уа, политахстты ссæрибар кæнын æмæ реформæты уыцы пакет, кæцы нырид бавдыст у оппозицийы æрдгæй. Махы æрдгæй растдæр уый тыххæй компромиссон æнхъарæн, цæмæй нæ æхсæнады ацы сæрибар вердиктæн алчи хъуамæ йæ коммæбакæса», – загъта Гига Бакериа.