Онкологион низтæн хоскæнын, æппæтон æнæнæизхъахъхъæды программæйы фæлгæтты, алы бенефициарæн, нæкæсгæ сæ æфтиагмæ, æмбæрцæй рæувадат уыдзæн
Онкологион низтæн хоскæнын, æппæтон æнæнæизхъахъхъæды программæйы фæлгæтты, алы бенефициарæн, нæкæсгæ сæ æфтиагмæ, æмбæрцæй рæувадат уыдзæн

Онкологион  хирурги сфинанс уыдзæн  алы  окопацентæн, сæ ынмæцы  фæдзæхсыны полистæй фæлхасгæнæг  ветерантæ  æмæ пациенттæ, кæцыты афæдзон æфтиаг  40000 ларийæ фылдæр у – фæнысангонд проект  Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы  къухдариуæгæй  уагъд ицауады  абоны рабадтыл æркастысты.

Министрты  кабинеты  цæнгтæ боны фæткæй бæрæг  15 фарстайыл тæрхон кодтой.

Рабадтыл æркастысты  проект, кæцымæ гæсгæ дæр, онкологион хирурги,  куыд планон, афтæ æнæаргъæвгæ  операцитæ, бæстæйы масштабæй  алы   онкопациентæн ( бюджетон  суммæтæй фæдзæхст гоймæгтæй  цух)  сфинанс уыдзæн. Сæ нымæцы сты  фæдзæхсыны полистæй фæлхасгæнæг  ветерантæ æмæ уыцы пациенттæ, кæцыты афдзæон  æфтиаг  40 000 ларийæ фылдæр у.

Цæугæ  азы  августæй гормонотерапи, химиотерапи, тыны терапи  æмæ  медикаменттæ  бæстæйы масштабæй  алы  онкологион  пациентæн  сфинанс уыдзæн. Абон Гуырдзыстоны  хицауады бæлвырд ивддзинадмæ гæсгæйæ,  æмбæстæгтæн æмбæрцæй  рæувадат уыдзæн куыд гормонотерапи/химиотерапи/ тыны терапи  æмæ   медикаментты, афтæ онкологион  хирургийы финансдзинад.

Фæнысангонд уынаффæйæ, онкологион  низтæн хоскæнын, æппæтон æнæнизхъахъъæды программæйы фæлгæтты, алы  бенефициарæн, сæ æфтиагмæ гæсгæйæ, æмбæрцæй рæувадат уыдзæн.