Бил Гейтс  - Дунейы  æнæнизхъахъхъæды  кризисы рæстæджы  Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон Организацийæн финансдзиад  фæуромын, тынг тæссаг у
Бил Гейтс - Дунейы æнæнизхъахъхъæды кризисы рæстæджы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон Организацийæн финансдзиад фæуромын, тынг тæссаг у

Дунейы   æнæнизхъахъхъæды  кризисы   рæстæджы  Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон Организацийæн (ÆХÆО) финансдзинад буромын  раст  уыййас тæссаг у, куыд  хъуысы  афтæ –  ахæм комментари сарызта  компани «Майкрософты»   бындурæуарæг Бил Гейтс   АИШ-ы  президенты, Дональд Трампы  скуыддзагæн,   Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон Организацийæн финансдзинад бауромыны  фæдыл.  Бил Гейтсы дзырдæй, зæгъгæ   Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон Организаций, дунейæн   ныр  афтæ  хъæугæ  у,  куыд никуы раздæр.

«Дунейы  æнæнизхъахъхъæды  кризисы рæстæджы   Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон Организацийæн финансдзиад  фæуромын, тынг тæссаг у.   Сæ  хъуыддаг уый  у,  цæмæй  «Ковид-19»-ы  хæлиукæнынад   фæкъаддæр уа  æмæ уыцы хъуыддаг  урæд куы  рцæуа,  уæд  сæ  иунæг æндæр организаци дæр нæ  фæивдзæн. Дунейæн ныр æнæмæнгхъæугæ у Æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон Организаци», – фыссы  Бил Гейтс  микроблог «Твиттеры».