Onefootball –ы, Хвича Къварацхелиайы нымайынц Киллиан Мбаппейы ивæгыл
Onefootball –ы, Хвича Къварацхелиайы нымайынц Киллиан Мбаппейы ивæгыл

«Пари Сен-Жермен»  Хвича Къварацхелиайы йæхи рæнхъытæм бахонын бацархайдзæн уыцы цауы, кæд æмæ  францаг клуб ныууаддзæн  Киллиан Мбаппе – информаци уый  фæдыл хъусын кæны «Onefootball»,  рауагъдад «90mon»-ыл æнцойæ  хуъсын кæны.

«Кæд Киллиан Мбаппе сæрды кълубæй ацæудзæн» уæд «Пари Сен-Жермен», «Наполи»-ы  стъалыйы Хвича Къварацхелиайы  балхæнын бацархайдзæн. Цымидисон у, кæцы кълуб уыдзæн   гуырдзиагы  дарддæры  расидт» – фыссы «Onefootball».

Францы æмбырдгонд капитанæн  «Пари Сен-Жерменимæ» контракт ис  2024 азы  30 –æм июны онг. Францаг кълубы фæнды  контракт ноджы иу афæдзæй адарддæр кæнын фæлæ  цалдæр  рауагъдады информацийæ, Мбаппейы  фæнды  Мадриды «Реалмæ» ахизын.

Къварацхелиайы тыххæй куы зæгхæм уæд,  цæугæ сезоны  уый «Наполийы» сконды алы  ерысыл  15 маты ахъазыд, æртæ гол баппæрста æмæ  голагъоммæ алæвæрд сыххæст кодта.

Гуырдзыстоны æмбырдгонды рæнхъыты  2023 азы  Къварацхелиайы хыгъдыл  цыппар  къæм ис.