Олав Шольцы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон æмæ Молдовæ æдас бæстæтыл нымад хъуамæ æрцæуой
Германийы канцлер Олаф Шольцы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстон æмæ Молдовæ æдас бæстæтыл нымад хъуамæ æрцæуой. Уый фæдыл Олаф Шольц Германийы æхсæнадон Уацхæссæгимæ уæрæх интервьюйы райхъусын кодта.
Журналист Германийы канцлеры бафарста, зæгъгæ разы у æви нæ мидхъуыддæгты министры, Нэнси Фейзеры инциативæимæ, кæцы депортацийы уагы фæкарздæр кæнын дары йæ хъуыдыйы, цæуылдæр Шольц æвæрццаг дзуапп ратта.
Шольцы фидиуæнæй, зæгъгæ хъуамæ арызт уа къахдзæфтæ, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Молдовæйы æдас бæстæтыл банымад æрцæуа.
Фæсарæйнаг бæстæйы æмбæтсæгтæн хиæмбæхсæн раттыны процессы æдас бæстæйы статус иуæй-иу сæйраг инструмент у. Æдас бæстæтæ сты, кæй æмбæстæгтæн хиæмбæхсæн райсыны тынг чысыл шанс ис. Бæстæ æдасыл нымад цæуы, кæд уый æмбæлон у цалдæр критеримæ, цахæмдæр сты барадон ахаст, закъоны сæйрагдзинад, иумæйаг политикон аууæлттæ æмæ цас хъахъхъæд у адæймаг сурын æмæ тыхмидзинадæй.
Бæрæгдзырдæн, Германийы парламенты дæллаг палата, Бундестаг Гуырдзыстоны æдас бæстæты номхыгъдмæ бахæссыны уынаффæ рахаста 2019 азы январы, фæлæ уæллаг палатæ – Бундесрат ацы уынаффæ не сфидар кодта.