Олаф Шольц - Фæсæттæн моментæй  цы базыдтам у уый, цæмæй Украина, Ныгуылæн Балканты бæстæтæ, Молдовæ æмæ Гуырдзыстон, хъуамæ бауой Евроцæдисы  уæнгтæ
Олаф Шольц - Фæсæттæн моментæй цы базыдтам у уый, цæмæй Украина, Ныгуылæн Балканты бæстæтæ, Молдовæ æмæ Гуырдзыстон, хъуамæ бауой Евроцæдисы уæнгтæ

Фæсæттæн моментæй  цы базыдтам у уый, цæмæй Украина, Ныгуылæн Балканты бæстæтæ, Молдовæ æмæ Гуырдзыстон, хъуамæ бауой Евроцæдисы  уæнгтæ.  Ам Европæйы  Совет нысаниуæгджын   рол æххæст кæны,  сæрмагондæй та, Венецийы  Комиссийы  куысты фæлтæрддзинадæй» –  уый фæдыл  Германийы канцлер, Олаф Шольц  райхъусын кодта.

Шольцы  дзырдæй, зæгъгæ  Европæйы Совет  алцыппæт хъуамæ сараза, цæмæй Европæйы  сфидар уа  демократи,  закъоны сæйрагдзинад.

«Европæйы Совет  алцыппæт хъуамæ сараза, цæмæй  демократи, адæймаджы  бартæ æмæ  закъоны сæйрагдзинад сфидар уа Европæйы, кæцы  абон гæнæн ис   æнæфенгæйау уа кæд Уæрæсе æмæ  Белрусмæ бакæсдзыстæм уæд.  Фæлæ  иу  бон Уæрæсейы агресси Украинайы  ныхмæ фæуыдзæн æмæ  бæлвырд нæ  бон  зæгъын уый у, цæмæй  ацы хæст нæ фæуыдзæн Путины   империализмы  уæлахиздзинадæй, уымæн æмæ  мах йæ фарс хæцæм  Украинайæн рæстаг сабырад æрфидар кæнынæн» –  райхъусын кодта  Шольц.