Оккупацион режимы ахст Заза Гахеладзейы бинонты уæнгтæ æмæ æмбæстæгтæ акци ауагъдтой
Оккупацион режимы ахст Заза Гахеладзейы бинонты уæнгтæ æмæ æмбæстæгтæ акцимæ рацыдысты.
Акцийы хайадисджытæ нырма фæсарæн хъуыддæгты министрады раз æрымбырд сты, стæй та размæлыдысты хицауады администрацийы æрдæм.
Уыдон паддзахадон уагдæтты æмæ хицауалдæй оккупацион тыхты ахст æмбæстагы хъуыддаджы фылдæр бастдзинад курынц æмæ хъусын кæнынц, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у, алы æхсæнадæмон организацийæн æмбæлгæйæ сифтонг кæнын информацийæ.
Акцийыл Заза Гахеладзейы бинойнаг, йæ фыд æмæ йæ хъæбултæ уыдысты. Æрцахстуæвæгы бинойнаг куыд дзуры афтæмæй, нæй йæм информаци, Заза Гахеладзейы уавæры фæдыл.
«Фылдæр информаци нæм нæй. Цы зонæм уый дæр журналисттæй базыдтам. Паддзахады ныфс нæ ис. Фæнды нæ цæмæй сæм нæ хъæлæс маст бахъара, цæмæй састы бынаты нæ ныллæудзыстæм, тагъд хъуамæ ссæрибар кæнæм Зазайы. Не ркуырд æндæр ницы у. Стыр бузныг хицауадæн, цæмæй цы сæ бон уый архайынц, фæлæ ныр фарастæм бон у, Заза скъæфт кæй у уый æфæстæ» – банысан кодта Ирма Бутхузи.
Афтæма антиоккупацион змæлд «Тых Иудзынады Ис»-ы минæвар Давит Кацарава хъусын кæны, цæмæй оккупацион режим цы адæмы æрцахста уыдоны ссæрибар кæныны æркуырдæй, райсомæй, къухфыстыты æмбырд кæнын райдайдзысты, петицийы та минæварадтæм æмæ æхсæнадæмон организацитæм арвитдзсты.
Уымæй дарддæр ма, куыд банысан ис афтæмæй, сабатмæ пълан кæнынц акци ауадзын Заза Гахеладзейы кæм æрцахстой уыцы ран.