Оккупацион хаххы гæрон уæлхох хъæуты  социалон уавæртæ фæхуыздæр кæныны  нысанæй, хицауад Уæлхох рæтты закъоны ивддзинæдтыл уынаффæ кæны
Оккупацион хаххы гæрон уæлхох хъæуты социалон уавæртæ фæхуыздæр кæныны нысанæй, хицауад Уæлхох рæтты закъоны ивддзинæдтыл уынаффæ кæны

 

Оккупацион хаххы гæрон уæвæг хъæуты социалон  уавæртæ  фæхуыздæры нысанæй,   Гуырдзыстоны  хицауад  Уæлхох  рæтты закъонмæ бахæссинаг ивддзинæдтыл  тæрхон кæны.

Гуырдызстоны премьер-министр Гиорги Гахариа  хицауады  радатыл  куыд райхъусын кодта, афтæмæй,   ивддзинæдтæ  уыдзæн  ноджы иу  эффективон къахдзæф,  цæмæй паддзахад  баххуыс кæна сæрмагондæй  уæззау  уавæрты  цæрæг  æмбæстæгтæн.

«Абон мах кæсæм а.х.   Уæлхох рæтты закъонмæ  бахæссинаг ивддзинæдтæ,  кæцыты  сæйраг нысан  у   оккупацион  хаххгæрон  хозджын  хъæуты цæрæг   не æмбæстæгтæн  социалон уавæртæ  фæхуыздæр кæнын.   Ацы  закъон æххæссы   58  хъæумæ  æмæ   25 мины  бæрц  æмбæстагмæ.  Сæ  социалон  уавæры фæхуыздæр кæнын   у  ацы  закъоны   сæйраг  нысан.  Ацы  дзырдлæвæрд дæр  нын уыд, кæцыйы  æххæст кæнæм æмæ  уырнæг стæм,   уый  уыдзæн ноджы иу  эффективон къахдзæф, цæмæй   паддзахад  баххуыс уа  сæрмагондæй  уæззау  уавæрты,  хъæуты  цæрæг   æмбæстæгтæн», –  райхъусын кодта  Гиорги Гахариа.