«Æвзарæнон кодексы»  бакуыст ивддзинæдтæм гæсгæ,  хъæлæскæнынады  агъоммæ 8 сахаты дæргъы æмæ  хъæлæскæнынады бон 20  сахаты онг  фæдзæхст уыдзæн   разæвзарæнон  реклама
«Æвзарæнон кодексы» бакуыст ивддзинæдтæм гæсгæ, хъæлæскæнынады агъоммæ 8 сахаты дæргъы æмæ хъæлæскæнынады бон 20 сахаты онг фæдзæхст уыдзæн разæвзарæнон реклама

«Æвзарæнон кодексы»  бакуыст ивддзинæдтæм гæсгæ,  хъæлæскæнынады  агъоммæ 8 сахаты дæргъы æмæ  хъæлæскæнынады бон 20  сахаты онг  фæдзæхст уыдзæн   разæвзарæнон  рекламайы æмæ æвзарæнон субъектты  программæты равæрд, алæвæрд телеуынынады æмæ  радиойы эфиры.

Закъонопроектмæ гæсгæ, хъæлæскæнынады бæстыхайы бацæуæнæй 25  метры  дæрццæг  æнæруадзгæ  уыдзæн   агитацион  æрмæджыты  равæрын, кæцыйы  æрисдзысты, кæнæ  демонтажы дæлбар уыдзæн  кæнæ йæ  сисдзысты.  Афтæдæр æнæруадзгæ уыдзæн  æвзарæнон фадыгыл,    кæнæ фадыгæй 25 метры радиусы,  æвзæрстгæнджыты  змæлд физикъонæй  куылымпы кæнын.

Инициативæйы  мидæг банысангонд у, цæмæй  ивддзинæдтимæ иумæ  ис  дырыс  амынд, кæцымæ гæсгæ,  æртыккаг  фарсæй  кæцыфæнды субъекты пайдайæн  реклама/антирекламайы  равæрын, нымад цæудзæн  уæнгон фиддоныл, æнæкæсгæ уымæ, райхъусын кодта æви нæ сæрмагонд  æвзарæнон нысан. Ивдтытæй  бæрæг кæны, цæмæй иваргондыл  нымад  цæудзæн  æнæаргументиргонд æфтиагæй  уæнгон фиддон.