Оккупацион хаххы цур ахст Дирбийы аргъуаны разамонæг фыд Иоаны ссæрибар кодтой
Уырыссаг оккупанттæ оккупацион хаххы цур Дирбийы Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны разамонæгы фыд Иоаны кæй æрцахстой – уый ныр ссæрибар кодтой.
Фыццаг Къаналы журналисты хъусинагæй, аргъуанархайæг уæнгы гуырдзиаг барадхъахъæнджытæн ныридæгæн радæттой Эргнеты постыл.
Уырыссаг оккупацнттæ оккупацион хаххы цур Дирбийы аргъуаны разамонæг фыд Иоаны абон æрцахстой.
Падзахадон æдадзсинады куысты информацийæ, æрцæугæйы тыххæй скусын кодтой тæвд хахх æмæ информаци лæвæрд рцыд Евроцæдисы цæстдарæг миссимæ.
Уырыссаг æфсæддæттæ оккупацион хаххы цур абон Хурвалеты цæрæг Темо Хухашвилийы дæр æрцахстой, кæцы нырма ахсты уæвы.