Оккупацигонд Донецкы  судзы  нефты  базæ
Оккупацигонд Донецкы судзы нефты базæ

Уæрæсейы  оккупацигонд  Донецкы  нефты базæ  судзы.  Æмбæлгæ информаци хъусын кæны уырыссаг медиа.

Социалон хызæгты  ахæлиу сты  зынгсирвæзты  æвдисæг кадртæ.

Нефты базæ  судзы Донецкы  Буденовски  районы. Уырыссаг  медиайы  хъусинагæй, зынгсирвæзт  базæйыл  украинаг   фарсы  ракетон   бырсты фæстиуæгæн фæзынд.  Украинайы  хицауад фæнысангонд бæрæггæнæнты  фæдыл комментари нырма нæ сарызта.