Оккупацигонд Цхинвалы Заза Гахеладзейы а.х. тæрхоны процесс адарддæр уыдзæн 5 февралы
Оккупацигонд Цхинвалы Заза Гахеладзейын а.х. тæрхоны процесс адарддæр уыдзæн 5 февралы. Ацы информаци Гуырдзиаг фарс райста Евроцæдисы тæвд хаххы фæрцы.
А.х. тæрхоны процесс абон дыууæ сахаты дæргъы цыдис.
«ПÆК нæм æрбадæтта информаци, цæмæй тæрхоны процесс фæцис абон æмæ фæдылдзог процесс ацæудзæн 5 февралыю Куыд нын загътой афтæмæй, æнхъæлцау, уый уыдзæн фæстаг процесс. Къазнайы адвокатмæ изæры фæдзурдзыстæм æмæ æнхъæлцау нæм фылдæр информаци уыдзæн. Адвокатæй цы зонын, раззаг процессыл мæ мойы æмæ уырпыссаг æфсæддæтты бавдисæнтæ кæрæдзимæ фемдзыд сты æмæ уый цææмй Заза барæй æхста, никуы фæбæрæг ис. Ахсты æмгъуыд йын дыууæ хатт адарддæр кодтой æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм, цы уынаффæ рахæсдзысты. Ныфс нæ сафæм», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы Заза Гахеладзейы бинойнаг Ирма Бутхузи.