Оккупацигонд Цхинвалы де-факто президент Гаглойты Алан референдумæй цы хонынц, уыцы мадзал снысан кæныны фæдыл «барамынд» фæурæдта
Оккупацигонд Цхинвалы де-факто президент, Гаглойты Алан, Уæрæсейы скондмæ бацыды фæдыл «референдум» снысан кæныны «барамынд» фæурæдта Уæрæсеимæ консультацитæ фæурадмæ. Уый фæдыл дзырдæуы Гаглойты Аланы къухбафыст «барамынды» «Хуссар Ирыстоны Республикæйы æмæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ дарддæры интеграцийы фæндæгты фæдыл».
Ног «барамындмæ» гæсгæйæ, оккупацигонд Цхинвалы а.х. президент æххæстæй разы у «Хуссар Ирыстоны Республикæйы æмæ Уæрæсейы Фекдерацийы фæдылдзог интеграцийы инициативæимæ», фæлæ дæтты «барамынд» æнæаргъæвгæйæ ацæуа консультацитæ Мæскуыимæ фæдылдзог интеграцийы процессимæ баст фарстæты æххæст комплексы фæдыл.
Къахæвæрд а.х. барамынды Гаглойты Алан бахахх кодта, цæмæй æнæруадзгæ у иуфарсон аскуыддзаг проблемæты, кæцытæ æххæссынц Уæрæсейы закъонон бартæм æмæ интерестæм.
Афтæма уыцы «барамындæй» сбæрæг ис делегацийы сконд, кæцы Уæрæсеимæ консультацитæ ауадздзæн. Йæ скондмæ цæуынц йæхæдæг Гаглойты Алан, афтæма, а.х. парламенты сæрдар Тадтаты Алан, а.х. Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся, а.х. Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы сæрдар Гагиты Эмилия, а.х. фæсарæн хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Медойты Дмитри, а.х. преизденты паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.
Уæрæсейы скондмæ бацыды фæдыл а.х. референдум, оккупацигонд Цхинвалы нысангонд уыд 17 июлмæ.