Оккупацигонд Цхинвалы а.х. тæрхондоны, æнæзакононæй ахст Заза Гахеладзейы тæрхоны процесс ацæудзæн
Оккупацигонд Цхинвалы тæрхондонæй цы хонынц, уыцы уагдоны æнæзакононæй æрцахстуæвæг Заза Гахеладзейы хъуыддаджы лæмбынæг каст сом ацæудзæн. Уый фæдыл æрцахстуæвæгы бинойнаг Ирма Бутхузи фехъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ райгонд у гуырдзиаг фарсы бастдзинадæй, æмæ ныфс дары, цæмæй процесс æнæзакононæй ахст Заза Гахеладзейæн æхсызгон фæстиуæгæй фæуыдзæн. Æрцахстуæвæгы бинойнаг куыд дзуры афтæмæй, адвокатимæ йын уыд коммуникаци фæлæ хъуыддагыл деталон информаци телефонон ныхасы рæстæджы йын нæ базонын кодта.
Каспы муниципалитеты хъæуы Квемо Чъалайы цæрæг Заза Гахеладзейы оккупацион тыхты минæвæрттæ ивгъуыд азы 11 июлы, Схвилойы фидармæ хæстæг территорийыл æрцахстой, кæцырæстæджы йæ фехстой йæ къахы. Де-факто хицауад Заза Гахеладзейы а.х. арæнсæттынæй дарддæр ма, аххосджын кæны, æфсæддоны цардмæ хъавды архайды. Заза Гахеладзейæн ивгъуыд азы 24 декабры, развæлгъау ахсты æмгъуыд, дыккæгæм хатт дыууæ мæййæ адарддæр ис.