Оккупацигонд Цхинвалы а.х. тæрхондоны, æнæзакъононæй æрцахстуæвæг Заза Гахеладзейы процесс сом ацæудзæн
Оккупацигонд Цхинвалы æнæзакъононæй ахст Заза Гахеладзейы а.х. тæрхоны процесс сом ацæудзæн.
Заза Гахеладзейы бинойнаг Ирма Бутхузи Гуырдзыстоны Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы куыд райхъусын кодта афтæмæй, райсомы тæрхоны процесс гæнæн ис фæстаг уа.
«Къазнайы адвокатимæ æныхас кодтон. Процесс райсом, нæ рæстæгæй 12:00 сахатыл адарддæр уыдзæн. ПÆК нæм ацы информаци раззаг процессы ахæцыны фæстæ фехъусын кодта. Куыд нын загъдтой афтæмæй зæгъгæ ис уый гæнæн ис фæстаг процесс уа. Адвокатæй цы базыдтон уый у, цæмæй нæ фæбæрæг ис уый æмæ Заза нысанмæ исгæйæ фехста. Ахсты æмгъуыд дыууæ хатты йын адарддæр кодтой æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм, цы уынаффæтæ рахæсдзысты. Ныфс нæ сафæм» – райхъусын кодта Ирма Бутхузи.
Каспы муниципалитеты хъæуы Квемо Чъалайы цæрæг Заза Гахеладзейы оккупацион тыхты минæвæрттæ ивгъуыд азы 11 июлы, Схвилойы фидармæ хæстæг территорийыл æрцахстой, кæцырæстæджы йæ фехстой йæ къахы. Де-факто хицауад Заза Гахеладзейы а.х. арæнсæттынæй дарддæр ма, аххосджын кæны, æфсæддоны цардмæ хъавды архайды. Заза Гахеладзейæн ивгъуыд азы 24 декабры, развæлгъау ахсты æмгъуыд, дыккæгæм хатт дыууæ мæййæ адарддæр ис.