Оккупацигонд Абхазы де-факто президенты администрацийы бæстыхаймæ, а.х. оппозицион тыхтæ балæбурдтой
Оккупацигонд Абхазы де-факто президенты администрацийы бæстыхаймæ, а.х. оппозицион тыхтæ балæбурдтой.
Акцийы хайадисджытæ, а.х. президентон æвзæрстыты фæстиуджытæ æнæзакъононыл нымайынц кæцыты фæуæлахиз рæстæджы, оккупацигонд Абхазы централон æвзæрстгæнæг комиссийы бæрæггæнæнтæй, фæуæлахиз ис Рауль Хаджимба. Акцийы хайадисджытæ, бæстыхайы сæйраг бацæуæны дуар æмæ рудзынг батыдтой. Акцимæ рацыд 500-ы онг адæймаг.
Де-факто президентон æвзæрстыты фыццаг æмæ дыккаг тур Абхазы 2019 азы 25 августы æмæ 8 сентябры ацыд. Æнæнымад республикæйы а.х. централон æвзæрстгæнæг комисси, уæлахиздзауыл банымадта Рауль Хаджимбайы. Уый а.х. æвзæрстыты фыццаг туры хъæлæсты 47,39 % райста, Алхас Къвициниа та, 46,17%. Дыккаг туры фæстиуджытæм гæсгæйæ, хъæлæсты 66,55% фæуæлахиз ис Рауль Хаджимба.
Абон сæйраг тæрхондон касацион каст райдыдта Абхазы президентæм раздæры кандидаты, «Амцахарайы» оппозицион партийы лидеры Алхас Къвициниайы хъастыл, кæцы архайы, æвзæрстыты фæстиуджытæ аивын кæнын. Уый централон æвзæрстгæнæг комиссийы ныхмæ сæйраг тæрхондонмæ хъаст 20 сентябры бавдыста. Фæлæ хъаст кæсынмæ нæ райстой, кæцыйы фæстæ Къвициниа кассацион хъаст Сæйраг тæрхондонмæ бавдыста.