Оккупацигонд Абхазы, афтæ хуынæг  президентон æвзæрстыты  дыккаг тур цæуы
Оккупацигонд Абхазы, афтæ хуынæг президентон æвзæрстыты дыккаг тур цæуы

Оккупацигонд Абхазы, афтæ хуынæг президентон æвзæрстыты дыккаг тур цæуы. Афтæ хуынæг президентон æвзæрстыты хайад исынц дыууæ кандидаты, раздæры афтæ хуынæг вице-президент, афтæ хуынæг президенты хæстæ æххæстгæнæг Бадра Гунба æмæ  оппозицион кандидат Адгур Ардзинба.

Бынæттон медийы информацийæ, оккупацигонд Абхазы 152 æвзарæнон пункт кусы. Уæрæсейы байгом дыууæ æвзарæн фадыджы,  Мæскуы æмæ Черкескы. Афтæ хуынæг æвзæрстыты регистрацигонд сты 134 мин æвзарæгæй фылдæр.

Оккупацигонд Абхазы дэ-факто æвзарæнон къамисы информацийæ, афтæ хуынæг Æвзæрстыты фыццаг туры Бадра Гунба райста хъæлæсты 46,38%, Адгур Ардзинба та райста 36,92%.