Оккупацигонд Абхазы а.х. оппозици хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ, Рауль Хаджимбайы инаугурацийæн ницы юридикъон тых ис
Оккупацигонд Абхазы а.х. оппозици хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ Рауль Хаджимбайы инаугурацийæн ницы юридикъон тых ис. Уый фæдыл дзырдæуы парти «Амцахарайы» уæнгты рабадтыл ист фидиуæны.
Фембæлдыл партийы уæнгтæ ахицæн кодтой цæмæй нымадмæ рма райсой а.х президентон æвзæрстты фæстиуджытæ, фæлæ оппозици хуъсын кæны, цæмæй а.х. хицауадимæ конструкивон диалогмæ цæттæ у.
Бакой уын кæндзыстæм, абон оккупацигонд Абхазы а.х. президенты инаугураци ацыд.
8 сентябры, оккупацигонд Абхазы, а.х. президентон æвзæсртыты дыккаг тур сырæзт. Æнæнымад республикæйы а.х. ЦÆК, уæлахизгондыл банымадта Рауль Хаджимбайы. ЙÆ æндæогъ парти «Амцахарайы» лидер Алхас Квициниа уыд, кæцы а.х. æвзæрстыты фæстиуджытимæ не сразы ис æмæ сыл а.х. тæрхондонмæ бахъаст кодта. Оппозици куырдта, де-факто президенты инаугураци, а.х. тæрхондоны кæронбæттæн уынаффæйы онг ма ацыдаит.