Оккупацигонд Абхазæй æрласгæ 23 гоймагы æфсæддон кадæй бавæрдтой
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты падзахадон министры аппараты æмæ Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты иумæйаг тыхархайдæй, оккупацигонд Абхазы регионæй æрласгæ 1990-æм азты гарзджын архæйдтыты рæстæджы æвæндаг-æрбайсæфтуæвæг 23 гоймагы æмбæстагон панихидæ дыууæ боны дæргъы цыд Самебайы кафедралон аргъуаны.
Æмардуæвджыты ном абон паддзахадон министр Тея Ахвдежианиимæ иумæ, ссардтой Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили æмæ Гуырдзыстоны хицауады уæнгтæ.
Паддзахадон министры аппараты информацийæ, 17 хæстоны – Дигъомы æфсымæрон уæлмæрдыл, иннæты та бинонты уынаффæйæ æндæр æмæ æндæр локацитыл, сæ нымæцы мыггаджы уæлмæрдтыл æфсæддон кадæй бавæрдтой.
1990-æм азты гарзджын архæйдтыты æмæ 2008 азы августы хæсты æвæндаг-æрбайсæфтуæвджыты бацагуырды мехаизмы фæлгæтты, фыццаг идентификаци æмæ æрласт 2013 азы сыххæст ис. Ацы рæстæгмæ, механизмы фæлгæтты ссардæуыд 604 адæймагы мардыбуар, уыдонæй идентификацигонд сты 288.