Оккупацигонд Абхазæй 1990 азты гарзджын архæйдтыты рæстæджы æвæндаг-æрбайсæфтуæвæг ноджы 23 идентифициргонд уæнгы мардыбуар æрластой
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры аппараты æмæ Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты æмгуыстады фæрцы, гуырдзиаг-абхазаг координацион механизмы фæлгæтты ацыхатт æвæндаг-æрбасæйфтуæвæг 23 идентифициргонд уæнгы бинонтæм æрыздахтой, уыдонæй 21 æфсæддон æмæ дыууæ сабырадон æмбæстæгтæ сты.
Оккупаигонд Абхазы регионæй æрласгæ 1990 азты гарзджын архæйдтыты рæстæджы æвæндаг-æрбайсæфтуæвæг уæнгты æмбæстагон панихидæ дыууæ боны дæргъы цæудзæн Самебайы кафедралон аргъуаны.
1990-æм азты гарзджын архæйдтыты æмæ 2008 азы августы хæсты æвæндаг-æрбайсæфтуæвджыты бацагуырды мехаизмы фæлгæтты, фыццаг идентификаци æмæ æрласт 2013 азы сыххæст ис. Ацы рæстæгмæ, механизмы фæлгæтты ссардæуыд 604 адæймагы мардыбуар, уыдонæй идентификацигонд сты 288.
Гарзджын архæйдтыты рæстæджы фæмардуæвджыты æмбæстагон панихидæмæ бацыд Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили æмæ фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министр Тея Ахвледиани.