Оккупацигнонд Ахалгоры сылгоймаг цъайы ныххаудта æмæ йын Тбилисы рынчындонмæ рауадзыныл нæзагъд ракодтой
– Уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн фехъусын кодта Ахалгорийы гамгебели Нугзар Тиникашвили.
Йæ информацийæ, æнæкæсгæ зианбаййафæгы бинонты архæйдтæм, цæмæй бирæнымæцон састытæй сылгоймагы Тбилисмæ раластаиккой, уый уæддæр оккупацигонд Цхинвалы рынчындонмæ ласынц.
«Оккупацигонд Ахалгорæй мæмæ фæдзырдта Нуну Гигаури, кæцы мын базонын кодта, цæмæй йæ хо Тамар Гигаури цъайы ныхаауд авд метры арфмæ, ис йын бирæ састытæ æмæ тынг уæззау уавæры ис. Фæхæццæ йæ кодтой Ахалгоры рынчындонмæ, цы ран виппайды ахицæн кодтой пациенты Цхинвалмæ аласыны фæдыл. Уым сын нæй нæ дæр рентген, нæдæр æмбæлон специалисттæ æмæ ма йын куыд æмæ цæмæй йын хъуамæ баххуыс кæной. Бинонтæ æмæ хæстæджыты куырдиатмæ æнæкæсгæ, цææмй йæ æнæаргъæвгæйæ Тбилисмæ раластаиккой, нæзагъд сын ракодтой æмæ йæ Цхинвалмæ аластой. Ныр фæндагыл сты. Уыцы тæккæ фехъусын кодтон алкæмæн куыд хицауады æмбæлон структурæтæн, афтæ Сырх Дзуары централон æмæ регионалон офисæн. Кæд æй Цхинвалы ныууадзой æмæ йæ ма раласой, уæдж тынг хъыгаг реалондзинад у, фæлæ гæнæн ис тынг æвзæр фæстиуæгмæ æрцæуа хъуыддаг» – райхъусын кодта Нугзар Тиникашвили.
Фактмæ гæсгæ, хъуыддаджы курсы ис паддзахадон æдасдзинады куыст. Сæ информацийæ, зæгъгæ фæактивон кодтой тæвд хахх фæнысангонд æмбæстагы Гуырдзыстоны централон хицаауады кантролгон территоримæ раласыны æркуырдæй.
Фидыды æмæ æмбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министры аппараты информацийæ, хъуыддагмæ баиу ис Сырх Дзуар æмæ информиргонд у Евроцæдисы мониторингы миссий дæр.
А.х. ауадзæн пункты сыхгæды тыххæй, цалдæр боны размæ æмбæлон медицинон лæккадыл нæ фæхæст ис Гуырдзыстоны ноджы иу æмбæстаг, оккупацигонд Ахалгоры цæрæг 70 азыдзыд сылгоймаг, кæцы фæстæдæр оккупацигонд Цхинвалы æрбамард.