Оккупиргонд Ахалгоры  Бибылты  Анатолийы  фембæлдыл, цæрджытæ йæ куырдиат спротест кодтой
Оккупиргонд Ахалгоры Бибылты Анатолийы фембæлдыл, цæрджытæ йæ куырдиат спротест кодтой

Оккупиргонд «Хуссар Ирыстоны» де-факто президент Бибылты  Анатоли, Чорчанайы  пъæлицæйы блок-пост  сисын домы.  Уый  хъусын кæны,  зæгъгæ  æндæр цауы,  Ахалгоры   цæрджытæн   Гуырдзыстоны   контролгонд  территоримæ  рахизыны бар нæ  ратдзысты.  Уый фæдыл  Бибылты  Анатоли  Ахалгоры,  бынæттон  цæрджытимæ фембæлды  рæстæджы   фæныхас кодта.  Де-факто президенты  хъуыдымæ гæсгæйæ,   проблемæйы  аскуыддзаг кæнын,  бынæттонтæ  Гуырдзыстоны  хицауадæй  хъуамæ æрдомой.

Бибылты  Анатоли бынæттонтимæ фембæлды рæстæджы  куыд банысан кодта, уымæ гæсгæйæ,   зæгъгæ  ацы   скуыддзаг  райста  æдасдзинады  тыххæй. Оккупацигонд  «Хуссар Ирыстоны»  де-факто президенты  ныхæстæ,  ахалгойрæгты хайы  смæсты кодтой æмæ  уыдон   куыльтурæйы хæдзары  цæугæ  фембæлд  протесты  нысанæй  фæуагъдтой.

«Нæ мæ фæнды  ацы  адæммæ, гадзрахатæй цæуæгау  уын. Растдæр уый  тыххæй, цы  мадзæлттæ исæм,  уыдон сты  абсолютонæй  зонгæйæ. Хорз  æмбарæм, цæмæй  сымах не  сразы уыдзыстут, фæлæ  ацы  мадзалыл  нæзагъд ракæнын,  куыд президентæн, æцæгдæр мын нæ уыд бар.   Омæ  кæд сымах  иу стут,  уæд  цæй ма, иумæ  аскуыддзаг кæнæм  проблемæ, кæцы  фæндæгты  æрыхгæд расайы.  Мах  иумæ  куы  стæм.   Цæй ма  иумæ  баздæхæм Гуырдзыстоны  хицауадмæ,   æмæ сисæт сæ  пост», –  райхъусын кодта   Бибылты  Анатоли,  Ахалгоры  цæрджытимæ  фембæлды рæстæджы.

Культурæйы  хæдзары уагъд фембæлдыл цалдæр цæрæг загътой, цæмæй   сæ   хæстæджытæ  Тбилисы  цæрынц æмæ   сын кæд сæ  фенынмæ  ацæуыны  тыххæй  «Хуссар Ирыстоны»  æмбæстагадыл  нæ зæгъын  бахъæудзæн,  уæд  цæттæ  сты  паспорттæ  фæстæмæ раттын. Уый  дзуаппæн та  оккупацигонд «Хуссар Ирыстоны»  де-факто президент загъта, цæмæй    «уый зæгъгæ  уæ  хъуыддаг у».