Одессæйы зылдыл шахедты дронтæй Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн æмбæстагон æмæ портон инфраструктурæйы  объекттæ базиан сты
Одессæйы зылдыл шахедты дронтæй Уæрæсейы бырсты фæстиуæгæн æмбæстагон æмæ портон инфраструктурæйы объекттæ базиан сты

Уæрæсейы  æрдгæй Одессæйы   зылдыл  Шахедты  дронтæй   сæххæст   бырсты  фæстиуæгæн   æмбæстагон æмæ портон  инфраструктурæйы  объекттæ   базиан сты.  Одессæйы зылды  æфсæддон  администрацийы  къухдариуæггæнæг  Олег  Киперы  хъусинагæй, зиангонд объектты  æхсæн  ис  элеватор  æмæ администрацион бæстыхай, афтæма  фæцæф ис  уæзласæн  хæдтулгæйы   тæрæг.

«Æртæ сахаты  æргъы  уырыссаг террористтæ   хæстон æнæпилот тæхæн аппараттæй   бырст æххæст кодтой   Одессæйы  зылды  хуссарыл.  Измаилы  районыл уый фæстаг фондз боны мидæг  нырид цыппæрæм   бысрт у» –  фыссы  Кипер.

Уимæ  Украинайы  уæлдæфон тыхты  хъусинагæй,   æхсæвы  Украинайы  тыхтæ Сумыйы  æмæ Одессæйы зылдты  æрдæмадæй  Уæрæсейы  уагъд  Шахеды  типы  33 дронæй  25  æрыппæрстой.