Нозтджынæй хæдтулгæ тæрыны æмæ тагъдад фæуæлдай кæныныл санкцитæ райрæзын кæнын план кæны
Афæдзы кæронмæ, бæстæйы масштабæй æндæр æмæ æндæр фыдракæнды 5 000-ы онг камерæ скусдзæн – уый æдыл Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министры хæдивæг, Нино Джавахадзе, æнæнизхъахъъхæды министрады низты кантролы центры райхъусын кодта, цы ран ИНО-йы фæндагон æдасдзинады радæй фæндзæм къурионы фæлгæтты мадзал æрцыд уагъд.
Нино Джавахадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ афтæдæррайрæздзæн патрулон экипажты нымæц куыд Тбилисы – афтæ регионты.
«Махæн приоритет у, цæмæй фæндагон-транспортон цауты нымæц фæкаддæр уа. Уый тыххæй бафтаудзыстæм камерæтæ. Афæдзы кæронмæ бæстæйы масштабæй 5 000-ы онг æндæр æмæ æндæр типы камерæ уыдзæн, номыры æмæ цæсгом базонæг. Хъавæм патрулон экипажты нымæц фæфылдæр кæнын куыд Тбилисы афтæ регионты дæр. Афтæ хъавæм закъондæттæг ивдтытæ. Ивдтытæ нырид цæттæ сты æмæ ныр райдайдзыстæм кæсын хицауадимæ иумæ æмæ уый фæстæ парламентмæ хъуамæ бавдисæм уалдзæгон сессимæ, кæцы дæнцæн баст у нозтджынæй хæдтулгæ тæрынимæ, лæууын-æрлæууыны æгъдау састимæ, тагъдад фæуæлдайджын кæныны санкцитæ райрæзын кæнынимæ æмæ фæкарздæр кæнынимæ. Афтæма хъавæм, тагъдад фæуæлдайджын кæныны тыххæй, баллты системæйæ цух кæнын бафтауæм видеокамерæтæм» – райхъусын кодта Нино ДЖавахадзе.